Ахадгæ фембæлд

0
68

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутовæн уыд фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн республикон программæ «Ирыстоны намыс»-ы финалистты æххуысгæнджытимæ.

Æмбырды архайджытæй иу уыд регионы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Биасты Игорь. Программæйы фæткмæ гæсгæ, финалисттæ стажировкæ кæм цæуынц, æххуысгæнджытæй бирæтæ сты республикон хицаудзинады ахæм оргæнты разамонджытæ.

Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой æххуысгæнджытимæ æмгуыстады æмæ программæйы архайджыты стажировкæйы ивгъуыд хайы хатдзæгтыл. Раныхасгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахуырты фæстæ фидæны разамонджытæ сæ куысты бынæттæ куы ’рцахсой, уæд дæр сын профессион фæлтæрддзинадæй хъæудзæн рахай кæнын.

Президенты Академийы паддзахадон уынаффæ-йады уæлдæр скъолайы карьерон цæстдарды центры эксперт Наталья Тарасова бафиппайдта æххуысгæнджыты æмæ сæ дæлбарты фембæлдтыты ахадындзинад. Адæймæгты ‘хсæн бастдзинæдты фæрцы амынд программæйы архайджытæн  уыдзæн куысты ног бынатыл æнцондæр сахуыр уæвыны æмæ хистæр фæлтæрдджын æмгуыстгæнджытимæ бæлвырд профессион хæслæвæрдтæ биноныг лыг кæныны фадат.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: программæ «Ирыстоны намыс» сарæзтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй дæсны, фæлтæрдджын разамонджыты цæттæ кæнынæн, цæмæй уыдон фæстæдæр Цæгат Ирыстоны паддзахадон хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты, стæй æхсæнадон иугæндты кусой, уый тыххæй.

Æрхæццæ ахуырады цыппæрæм, кæронбæттæн хай. Фæлварæнтæ æмæ рауагъдадон куыстыты бавдыст уыдзæн 24-25 майы.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here