Хæст тæригъæд нæ зоны. Бирæ азтæ рацыд, фæлæ абон дæр нæ мынæг кæнынц йæ уæззау цаутæ. Уыцы тызмæг хæстæй Ирыстоны бирæ бинонтæ ныккæрзыдтой.
Уæдæ Мамысонгом дæр фæстейы нæ баззад, бирæ фæсивæд ацыд ацы комбæстæй, сæ ном рох нæу… Алы аз дæр Мамысоны æрæмбырд вæййынц сæ кæстæртæ, æрлæууынц цыртдзæвæнты цур æмæ сын сæ рухс ном æрымысынц.
Уыцы æгъатыр хæстмæ ацыдысты Мамытты дыууæ æфсымæры дæр, Хъауырбег æмæ Георги. Абоны онг дæр бæрæг нæу, Георги йæ мæлæт кæм ссардта уый. Хъауырбег арæх фыста хæсты быдырæй хæдзармæ, бинонтæн ныфсытæ æвæрдта. Ирыстонæй ныххæццæ Берлинмæ. Ам карз хæст бацайдагъ, уыцы тохы фæстæ Хъауырбег хорзæхгонд æрцыд Æхсардзинады тыххæй майданæй. Æнæуынон ын уыдысты, йæ уарзон зæххыл уæндонæй чи лæгæрста уыцы лæгсырдтæ… Фæлæ Хъауырбеджы хъысмæт дæр бæллиццаг нæ разынд.
Абон мæн фæнды радзурын, Мамытты Петяйы бæллицы тыххæй, уый фæндыд, йæ фыд Хъауырбеджы фæд ссарын. Йæ уарзон фыдæн йæ ингæны уæлхъус æрлæууын. Цыдысты азтæ. Петя алы рæттæм фыста, агуырдта, Хъауырбег йæ сæр кæм бафснайдта уыцы бынат. 1994 азы нæ республикæйы рацыд чиныг «Книга памяти»-йы 1-аг том. Уым фыст уыдис: «Мамытты Хъауырбег ныгæд ис Германы зæххыл г. Зифельды». Петяйы тынг фæндыд йæ фыды ингæны цур æрлæууын. 2017 азы Петяйæн йæ бæллиц сæххæст, йæ бинонты фæрцы йæ чызг Мамытты Ранетæимæ атахтысты Германы зæхмæ. Зимфельды уый бацыд æфсымæрон ингæнмæ. Уæлахизы бон ацыдысты Берлины уынгты «Æнæмæлгæ полчъы» рæнхъыты йæ фыды къамимæ.
Абон Мамытты Петяйыл цæуы 90 азы, алы аз Уæлахизы бон уый, æнæмæнг, йæ кæстæртимæ бацæуы Мамысонгомы цыртдзæвæнмæ, æмæ йæ фыды ном ссары. Ацы комбæстæйы кæстæрты сгуыхтдзинад рох никуы уыдзысты, нæ зæрдыл сæ æппынæдзух дардзыстæм.
Петяйæн мæ зæрдæ зæгъы бирæ хорздзинæдтæ, хорз хистæр у, мыггаджы ’хсæн æмæ Бирæгъзæнджы нымад у, æмæ йæ цæрæнбон бирæ уæд.
Тедеты Альбинæ,
43-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг














