Цæстдарæг советмæ йæ равзæрстой

0
39

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор, профессор, экономикон наукæты доктор Огъуаты Аланы равзæрстой Уæрæсейы æхсæнад «Зонындзинад»-ы Цæстдарæг советмæ.

Огъуайы-фырт Цæгат Кавказы федералон зылды номæй архайдзæн рухстауæг организацийæн разамынддæттæг сæйраг оргæнтæй иуы. Ацы уынаффæ рахастой Мæскуыйы национ центр «Россия»-йы ацæуæг рухстауджыты съезды архайджытæ – æппæт бæстæйæ амынд æхсæнады лектортæ æмæ кусджытæ. Организаци фæстаг фондз азы дæргъы кæй баххæст кодта, съезды архайджытæ уыцы куыстæн хатдзæгтæ скодтой, разамынддæттæг оргæнты уæнгты номхыгъд сног кодтой, стæй райрæзты дарддæры къабæзтæ сбæлвырд кодтой.

Съезды делегаттæ Цæстдарæг советы уæнгты ног номхыгъд сфидар кодтой. Ацы номхыгъдмæ хауынц 13 адæймаджы (уыдонимæ – сæрдар, æмсæрдартæ æмæ генералон директор).

– Цæгат Ирыстоны рухстауæг системæйыл æууæнк кæй ис, Цæстдарæг советмæ мæ равзæрст ууыл дзурæг у. Сæйраг уынаффæтæ хæссыны рæстæг регионты фæндæттæ нымад цæмæй цæуой, регионтæ та хуыздæр федералон рахæцæнтæй цæмæй пайда кæной, ууыл архайдзыстæм, – загъта Огъуайы-фырт.

Ног æмгъуыдмæ æхсæнад «Зонындзинад»-ы Цæстдарæг советы сæрдарæй ногæй равзæрстой Сергей Кириенкойы. Съезды архайджытæ организацийы ноггонд уагæвæрд дæр сфидар кодтой.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here