Æмгуыстад – хæлардзинады бындурыл

0
27

Æмгуыстады фарстаты фæдыл Цæгат Ирыстоны уыд италиаг амалхъомты къорд. Ахæм хъæппæрис равдыста Италийы компани «Альбриги Технолоджи». Се ’рбацыды программæйы уæлдай цымыдисагдæр рауад компаниты къорд «Бæгæныфыцæн хæдзар «Бавари»-йы куыстуæттæм балц. «Бавари» у нæ регионы æппæты егъаудæр куыстуат, цæттæ дзы кæнынц бæгæныйы 200 хуызæй фылдæр.

Бизнес – делегацийы уæнгтæ – агропромышленнон комплексы эксперттæ, хъæууон хæдзарады, зетийы культурæйы бакуысты, фосдарынады, стæй цæттæ продукци тухæн нырыккон ифтонггæрзтæ уадзæг куыстуæтты минæвæрттæ. Се ’рбацыды сæйраг нысан уыд æмгуыстады фарстатæ фæуæрæхдæр кæнын, кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй спайда кæнгæйæ, регионы æппæты æнтыстджындæр æмæ егъаудæр куыстуатимæ комкоммæ хъуыддаджы бастдзинæдтæ саразын. Уазджытæн фадат уыдис куыстуаты архайдимæ алывæрсыг базонгæ кæнынæн.

Делегаци бабæрæг кодта, продукци кæм цæттæ кæнынц, уыцы æмæ æндæр цехтæ, равдыстой сын технологион процесс æмæ хæрзхъæддзинадмæ цæстдарды системæ. Италиаг эксперттæ стыр аргъ скодтой «Бавари»-йы продукцийы хæрзадæн, дисы сæ бафтыдта, куыд бирæ хуызтæ уадзынц, уый дæр. Фысымтæ сын алцæмæй дæр саходын кодтой.

Компани «Бавари» кусы ныр 30 азæй фылдæр. Йе ‘нтыстдзинæдтимæ зонгæ сты Уæрæсейы, стæй æндæр бæстæты дæр. Ныфсджын къахдзæфтæй цæугæйæ, уыцы-иу рæстæг дзы кусынц цалдæр къабазы: бæгæны æмæ дæттæ уадзыны, хъæууон хæдзарад æмæ ресторанты бизнесы къабаз.

Йæ хъуыдытæ сæ балцы тыххæй загъта Италийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Мауро Мурджиа: «Цæгат Ирыстонимæ рагæй кæнæм æмгуыстад. Рохуаты нæ нæу Беслæн дæр. Абон бабæрæг кодтам «Бавари», федтам дзы бæрзонд технологитæ æмæ æппæты нырыккондæр ифтонггарз. Уæлдайдæр та мæн дисы бафтыдта, куыстуат цы стыр социалон куыст кæны, уый. Зæгъæн ис, абон Италийы уыцы фарста æппындæр никæйы хъæуы. Нæ къорды уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фæнды хæлардзинад æмæ æмгуыстады бындурыл экономикон бастдзинæдтæ сфидар кæнын».

– Мах кæддæриддæр æхсызгонæй сæмбæлæм уазджытыл. Ис нæм бирæ гæнæнтæ æмгуыстадæн дæр. Ныр дæр ницы басусæг кодтам, федтой нæ куыстуаты технологитæ, базонгæ сты продукциимæ. Ныфс нæ ис, ацы фембæлдæн йæ ахадындзинад пайда кæй уыдзæн, иумæйаг инвестицион проекттæ кæй фæзындзæн, – загъта «Бавари»-йы куыстады фарстаты фæдыл директор Цхуырбаты Азæмæт.

Цæгат Ирыстонмæ балцы рæстæг ма нæ италиаг уазджытæ бабæрæг кодтой, сæны 46 хуызы кæм уадзынц, уыцы куыстуат «Винтрест-7», аргъ скодтой йæ продукцийæн.

Итали æмæ Цæгат Ирыстоны ’хсæн ахæм ахастдзинæдтæ ис 2004 азæй нырмæ æмæ дарддæр дæр фидар кæндзысты.

Гугкаты Жаннæ,

къам систа Татьяна Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here