Цæгат Кавказы райрæзты фарстатæм нæ бæстæйы разамынд къæрцхъус кæй у, уый ноджыдæр ма иу хатт рабæрæг горæт Минеральные Водыйы конд инвестицион форумы. Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин Цæгат Кавказы федералон зылды минæвæрттæн сарæзта æмбырд.
Нæ республикæйæ дзы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ныхас рауад зылды социалон-экономикон рæзтыл. Михаил Мишустин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй форумы ахадындзинад у бæрзонд, макрорегионы та фидардæр кæнынц амалхъомадмæ рæвдздæр бавналыны æууæлтæ.
– Уыдæттæ нæхæдæг, равдыстытæ бабарæг кæнгæйæ, федтам, тынг лæмбынæг æмæ нын бæстонæй æппæт проектты тыххæй радзырдтой, уыдоны фæрцы зылд йæ хъомыс уыны. Уыцы архайды руаджы нæ бæстæйы экономикæ хъомысджындæр кæны. Цæгаткавказаг регионты федералон разамынды руаджы фылдæр кæнынц æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, спорты, культурæйы, цæрæнуæтты объекттæ, цæуы фæндæгты арæзтад. Сæ уавæрмæ сын æппынæдзух цæст дарын хъæудзæн, – загъта Уæрæсейы Хицауады Сæрдар.
Михаил Мишустины хатдзæгмæ гæсгæ, инвестортæ се ‘ргом тынг аздæхтой зылды экономикон рæзтмæ, фарон сæ бавæрдыл бафтыд 10 проценты, ссис 1,5 триллион сомы. Уæдæ æфстæутты бæрц дæр рæзы, 2,3 хатты фæфылдæр. Уæййаг промышленнон товарты бæрц рæзы – 5 проценты йыл бафтыд. Уæдæ чысыл æмæ рæстæмбис амалхъом адæмы куыстуæттæ дæр рæзт æвзарынц. Паддзахады ‘рдыгæй амалхъомтæ исынц ахадгæ æххуыс.
Хицæн ныхас бацахста аграрон къабаз, æрмæст фарон федералон центр аграритæн радих кодта 36 миллиард сомæй фылдæр. «Хъæрмуæтты комплекстæ тынг сæрæнæй скуыстой Цæгат Ирыстоны, Мæхъхъæлы, Стъараполы крайы», – бафиппайдта Хицауады Сæрдар. Экономикæйы ахсджиаг къабаз – туризмыл дæр бæстон ныхас рауад. Михаил Мишустин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нырмæ сæхи туристтæн базонын кодтой «Домбай», «Архыз», «Эльбрус», æрæджы чи фæзынд, уыдонæй та – «Мамысон». «Ис, сæхи равдисын сæ бон кæмæн у, ахæм инвестортæ, хъæуы семæ кусын, ныхас кæнын», – загъта Хицауады Сæрдар.
Уæдæ зылды санаторон-курортон куыстуæтты уавæр дæр хъæуы равзарын, раиртасын. Михаил Мишустины ныхасмæ гæсгæ, хъуыддагмæ æрбахонын хъæуы амалхъомты. Ныртæккæ царды уадзынц аст проекты, бахъæудзæн сын инвестициты 22 миллиард сомы. Уæдæ национ, регионалон, бынæттон туристон объекттæ, къахвæндæгтæ дæр домынц цæстдард. Михаил Мишустин куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстон, Мæхъхъæл, Дагестан рæстаг фиддонты фæрцы бавнæлдтой фæлварæн проекттæ æххæст кæнынмæ. Уыдоны руаджы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады банывыл кодтой иумæйаг операторты куыст.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло Цæгат Кавказы инвестицион форумы Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустиныл æхсызгонæй сæмбæлд республикæйы стенды цур. Уый лæмбынæг радзырдта бæстæйы Хицауады Сæрдарæн, республикæ цавæр ахсджиаг егъау проектты архайы, уыдæтты тыххæй. Равдысты бæрæг дардтой, Цæгат Ирыстон 2030 азмæ цавæр рæзты фæндагыл ацæудзæн, уыдæттæ.
Михаил Мишустин уæлдай æргом аздæхта модулты бындурыл конд макеттæм, уыдон хорз сфидаудзысты глэмпинг-отельтæ æмæ хицæн къабæзты. Ома, бындурон арæзтадон куыстытæ дзы нæ бахъæудзæн, ис сæ Уæрæсейы кæцыфæнды къуыммæ дæр аласæн. Инвестор хъавы хи фæрæзтæй завод саразын, уыдзæн æртæ хайыл дихгонд. Куыстытæ аххæсдзысты 2026 азæй 2027 азмæ.
Цæгат Ирыстоны инвестицион хызыны ис 23 проекты 158 миллиард сомæн: «Мамысон», логистикон центр «Вайлдберрис», дыргъæфснайæн бынат æмæ дыргъдон «Казачий хутор», хъæрмуæтты комплекс «ТК Алания», тематикон парк «Алания парк», илциисæн логистикон хаб «Южные ворота» æмæ æндæртæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бацархайдта, хъуыддаджы аходæны рæгъмæ рахастæуыд, Цæгат Кавказы креативон экономикæйы рæзты ног тæлмытæ. Амыдта йæ Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак. Ныхасы архайдтой регионты разамонджытæ, амалхъомтæ, банкты хицæуттæ, креативон æмæхсæнад.
Александр Новакы ныхасмæ гæсгæ, креативон экономикæйы бавæрд иумæйаг мидбæстон продуктмæ фарон рауад 4,2 проценты, мидбæстон продукты бафтаугæ аргъ та 8,3 триллион сомы, уый абарæн ис хъæууон хæдзарад, туризм æмæ арæзтады бæрæггæнæнтимæ. Креативон индустритæ рæзынц экономикæйæ цыппар хатты рæвдздæр.
Уæрæсейы Президент Владимир Путин æвæры, 2030 азмæ креативон индустриты хай экономикæйы 6 проценты онг схæццæ кæнын. Фарон февралы фæзынд федералон закъон дæр, ис, æппæт хъуыддагæн бæрнон чи у, ахæм адæм, ведомствæтæ. Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Кавказы дзæгъæл хуымæтæджы нæ сæмбырд сты.
«Цæгат Кавказ у æвæджиауы бынат, йæ цæрджыты нымæц рæзы, фылдæр кæнынц рæзгæ фæлтæртæ, амæй креативон дæр бынат нæй. Культурон традицитыл хæцынц, фæзынд дзы нырыккон экономикæйы ног хуызтæ. Креативон экономикæ бирæ фарстатæн ратдзæн дзуапп», – загъта Александр Новак.
Куыд бафиппайдта, афтæмæй креативон экономикæйы фылдæр хай – йæ 80 проценты æрæмбырд сты Мæскуыйы. «Фæлæ Цæгат Кавказы сæмбырд стыр хъомыс, йæ бон у йæ рæзтыл сахадын. Ам фылдæр сты туризмы, хъæууон хæдзарады, транспортон индустрийы авналæнтæ», – загъта хъуыддаджы аходæн амонæг. Уый æрхаста æндæр бæрæггæнæнтæ дæр, куыд радзырдта, афтæмæй ацы ран паддзахадмæ хауы баххуыс кæныны хæстæ.
Аходæны архайджытæ байхъуыстой æндæр раныхасгæнджытæм дæр, скодтой хатдзæгтæ ацы ахсджиаг фембæлдæй.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














