Бæрнон хæстæ

0
30

Цæгат Ирыстоны ахуырады ведомствæ хæстæгдæр рæстæджы цæуыл бакусдзæн, уыцы фарстатæ рахаста æмбырдмæ. Сæйрагдæр дзы уыд сæрдыгон фæлладуагъдæн фадæттæ бацæттæ кæныны хъуыддаг. Райдай æдасдзинадæй, мидисджын программæйæ, фæлладуадзæн бынæтты хæстæгдзинадæй – алцæуыл дæр рауад бæстон ныхас.

Министрады разамонæг Алыбегты Эллæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уæлдай æргом здахы ирон æвзаджы уавæрмæ рæвдауæндæтты. Куыст хъуамæ цæуа æххæстæй, фарстатæ кæрæдзийы фæстæ лыггонд цæуой. Уæдæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты кæстæрты хыгъд саразыны хæстæ дæр рахастæуыд æмбырдмæ. Уыдон бахъæудзысты, Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæтгæйæ, сæ ахуырады дарддæры фæндаг сын сбæлвырд кæныны.

Скъолаты хæстон-патриотон хъомылад дæр хъуамæ схиза уæлдæр къæпхæнмæ. Ацы фембæлды сфидар кодтой ахсджиаг уынаффæтæ дæр, зæгъæм, скъолаты хæрæндæтты тыххæй. Ахуырады министр куыд бацамыдта, афтæмæй алы ахуырадон кусæндоны коллектив дæр хъуамæ къæрцхъус уа граждæнты курдиæттæм, хъæстытæм. Хъуамæ адæмимæ бастдзинад уа дыууæрдæм дæр.

Уымæй уæлдай, æппæт кусæндæтты сбæрæг кæнын хъæуы ахуырады уавæртæ, суанг фæсурокты архайд дæр, программæтæ царды уадзгæйæ, сæ хæрзхъæддзинад æххæстæй баззайы æви кæмдæр фæкъахыр вæййы. Уыдæттæ сты сбæрæггæнинаг. Скъолаты хæстæгдæр рæстæг скæндзысты ныййарджыты æмбырдтæ дæр, ахуырадон кусæндон сыл хъуамæ цæттæйæ сæмбæла.

Бындурон цалцæджы фарстатæ дæр рохуаты нæ баззадысты, Мæлгъæвæг æмæ Луковскойы станицæйы скъолатæн бацæттæ кæнын хъæуы хæрдзты документаци. Хаццоны ист бæстыхæйттæй куыд пайдагонд цæуы, уый дæр хъæуы равзарын. Хицæн ныхас бацахста курдиатджын сывæллæттæн æххуысы фарста. Рахастæуыд хъомысджын æмæ ахадгæ программæ саразыны фæнд. Æмбырды архайджытæ сфæнд кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ-уынаффæгæнджытæ æмæ кадрты фæстауæрцы рауагъдонтимæ фембæлд саразын.

Æмбырды ма равзæрстой æмæ æркастысты æндæр ахсджиаг фарстатæм.

Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here