Цытджын Уæлахизы кадæн

0
34

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд Æппæтуæрæсеон мотоклуб «Ночные волки»-йы архайджытимæ – змæлд «Дороги Победы»-йы разамонæг æмæ хайады директор Андрей Бобровский, хайад «Кавминводы»-йы разамонæг Максим Казаков æмæ хайад «Германия»-йы президент Денис Налетовимæ.

Ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим æмæ Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан.

Сергей Меняйло æхсызгонæй фембæлд уазджытимæ, арфæ сын ракодта сæ зæрдиаг граждайнаг ахастдзинад, социалон хъæппæристæн æххуыс æмæ фæсивæды патриотон хъомылады куысты тыххæй.

– Æхсызгон мын у нæ фембæлд, уæлдайдæр та – Цытджын Уæлахизы боны размæ. Мах æнгом кæны нæ рагон хæлардзинад æмæ нæ мысинæгтæ Хъырымы уалдзæджы тыххæй. Ацы аз ыл сæххæст 12 азы. Уæ архайд стыр бавæрæн хæссы æхсæнады рæзтмæ. Сымах стут сæрмагонд культурæ, æфсымæрдзинад, хъæбатырдзинад æмæ сæрибардзинады нысан, – загъта Сергей Меняйло.

Дзæуджыхъæу ссис XI Æппæтдунеон мотомаршы ахсджиагдæр бынæттæй иу – «Дороги Победы – Кавказ кузница героев». Йæ саразджытæ сты мотоклуб «Ночные волки» æмæ уæрæсейаг æхсæнад «Знание».

Мотомаршы архайджытæ бабæрæг кодтой мемориалон цыртдзæвæн «Зæдты горæт» Беслæны æмæ Æппæтдунеон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола». Уым фембæлдысты «Беслæны мадæлтæ»-йы минæвæрттимæ. Стæй архайджытæ, сæ программæмæ гæсгæ, Фæсивæды галуаны фембæлдысты фæсивæдимæ æмæ бакастысты киноныв «Русский реактор»-мæ.

2026 азы маршруты архайынц 11 бæстæйы минæвæрттæ, уыдонимæ – Уæрæсе, Белорусси, Германи, Чехи, Словаки, Словени, Польшæ, Черногори æмæ Болгари.

Акци арæзт цæуы Цытджын Уæлахизы 81 азы кадæн. Мотомарш райдыдта 25 апрелы Мæскуыйы æмæ ахицæн уыдзæн 9 Майы Пятигорскы. Фæндагыл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты портреттæ æмæ тырысатимæ, уæлахиздзауты фæлтæрæн кад дæтгæйæ, бабæрæг кæндзысты хъæбатырты номхæссæг горæттæ, хæстон намысы мемориалтæ æмæ бынæттæ.

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here