Цæллагты Викторы равдыст

0
31

Уæрæсейы Адæмты иудзинады азы кадæн Стъараполы крайы горæт Пятигорскы бæстæзонæн музейы залы байгом Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Цæллагты  Викторы равдыст «Доблестный дух».

Экспозицийы фенæн ис алыхуызон аивадон фæрæзтæй конд æстай нывы бæрц. Æрмдæсны уæлдай фылдæр æргом здахы Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырты фæлгонцтæм, стæй Аланийы истори æмæ Нарты кадджытимæ баст æууæлтæм.

Равдыстæн фадæттæ сарæзтой Пятигорскы ирон æхсæнад «Ирыстон», Национ культурæты хæдзар æмæ амынд музей. 11 майы æмгъуыдмæ кусæг равдыст гом кæныны кадæн арæзт кадджын æмбырды архайдтой æддагон бастдзинæдты хайады хицау Хъамболты Алан, горæты Думæйы сæрдар Дарья Самольянец, депутаттæ æмæ бынæттон цæрджытæ.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here