Ацы азы райдианæй нырмæ Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ифтонг кæны амынд фонды реабилитацийы центртæм дзæбæхгæнынадмæ цæуынæн иумæйаг билеттæй.
Амæй размæ чи архайдта, фæндаггаджы хæрдзты бафысты амынд хуыз сфидар кодтой уыцы хуызмæ (ома, сæрмагонд æфсæддон операцийы арха-
йæг дзæбæхгæнынадæй-иу куы ‘рбаздæхт, уæд ын-иу Социалон фонды хайад фæндаггаджы хæрдзтæ компенсацийы хуызы бафыста) уæлæмхасæн уагæй.
Социалон фонды реабилитацийы центры онг æмæ фæстæмæ ‘рбацæуынæн иумæйаг билеттæ дæттынц транспорты æппæт хуызтæн (поезд, хæдтулгæ, хæдтæхæг, автобус кæнæ доны транспорт нымайгæйæ). Иумæйаг билетæн гæххæттытæ саразынц дзæбæхгæнынады фæдыл курдиатæн разыйы дзуапп райсынимæ уыцы иу рæстæг. Дзæбæхгæнынады фæдыл курдиат барвитыны заман сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæгмæ ис фæндаггаджы хæрдзтæ райсыны хуыз (ома компенсацийæ кæнæ иумæйаг билеты хуызы) равзарыны бар. Адæймагмæ ис балцæг райсыны фæдыл курдиат бæстæйы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады цыфæнды клиентон службæйы, кæнæ портал «Госуслуги»-йы барвитыны бар.
– Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæм дзæбæхгæнынады æппæт рæстæг (гæххæттытæ æмбырд кæнынæй райдайгæйæ, хæдзармæ æрбаздæхыны боны онг) персоналон уагæй цæст дары. Реабилитацион центртæм кæй æрвитынц, уыцы ветеранты æнæниздзинады уавæры тыххæй медицинон-социалон экспертизæйы бæрæггæнæнтæ банымайынц. Амæй размæ кæй æнæниздзинады уавæр не сбæлвырд кодтой æмæ, инвалиддзинад кæмæ нæй, уыцы ветеранæн реабилитацион центры баххæст кæнынц диагностикæ æмæ йын дзæбæхгæнынады фæтк сбæлвырд кæнынц, – зæгъы амынд республикон хайады разамонæг Милдзыхты Аслан.
Фæндаггаг, цæрынад æмæ хæлцы аргъ кæмæн бафидынц, фыццаг къорды инвалиддзинадимæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæм ис реабилитацион центртæм хи дзæбæх кæнынмæ ахæм æмдзугæнæг адæймæгтимæ иумæ цæуыны бар. Æмдзу кæнынæн медицинон æвдисæнтæ кæмæ ис, ахæм ветерантæм дæр ис æмдзугæнджытимæ цæуыны бар.
Уæрæсейы алыхуызон регионты чи ‘рбынæттон, Цæгат Ирыстонæй рацæуæг демобилизацигонд æфсæддон службæгæнджытæм ис Социалон фонды реабилитацийы уыцы 12 центры хи сдзæбæх кæныны бар. Ацы центртæй алкæцы дæр ифтонггонд у вазыгджын-технологион медицинон кусæнгæрзтæй.
Санаторон-курортон дзæбæхгæнынады æмгъуыд у 21 боны онг, медицинон реабилитацийы æмгъуыд та сбæлвырд кæнынц алы адæймагæн дæр хицæнæй. Адæймагмæ ис афæдзы дæргъы иунæг хатт санаторон-курортон дзæбæхгæнынад ацæуыны бар, адæймаг медицинон реабилитаци цал хатты ацæудзæн, уый та сбæлвырд кæнынц медицинон бæрæггæнæнтæм гæсгæ.
Фæрстытæ уæм кæд баззадысты, уæд уæм ис 8-800-100-00-01 телефонæй Уæрæсейы Социалон фонды Иумæйаг контакт-центрмæ лæвар фæдзурыны бар (Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады линийы куысты фæтк: къуырисæрæй цыппæрæммæ: 9.00 сахатæй – 18.00 сахаты онг, майрæмбоны та: 9.00 сахатæй – 16 сахат æмæ 45 минуты онг).
УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ














