Дипломтæ райстой

0
33

Цæгат Ирыстонæй рацæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг 25 нæлгоймагæн раттой ног дæсныйад райсыны тыххæй дипломтæ.

Царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл ацæуæг адæймæгтæ кусдзысты æфсæддон-патриотон хъомылады фарстатæй фæсивæды зондамонджытæ æмæ уынаффæгæнджытæй. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло регионы Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн бахæс кодта амынд хъуыддагæн нывыл фадæттæ саразын.

Сæрмагонд операцийы архайджытæ ахуырад æмæ кæронбæттæн аттестаци ацыдысты Мæскуыйы Рухсады паддзахадон университеты бындурыл. Ахуырадон программæмæ хаудтой фыццаградон æххуысы фæдыл практикумтæ, музейон педагогикæйæ лекцитæ, эксперттимæ фембæлдтытæ, стæй скъолатæ æмæ уæлæмхасæн ахуырады кусæндæттæм балцытæ.

Ахуырады архайджытæ фæстагмæ бавдыстой æфсæддон-патриотон клубты куысты тыххæй хи проекттæ. Ацы проекттæ фæсивæды хъомылады лыстæг фæзилæнтæ биноныг æвзарынц.

Ахуырад ацæуæг адæмæн дипломтæ лæвæрдта Уæрæсейы Хъæбатыр, программæ «Хъæбатырты рæстæджы» архайæг Игорь Юргин. Курсытæ кастфæуæвæг адæймæгтæ æрбаздæхдзысты Ирыстонмæ æмæ ам кусын райдайдзысты скъолатæ æмæ колледжты.

Фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылад æнæкъуыхцыйæ кæй цæудзæн, ууыл зæрдæ дарæн ис.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here