Æрæджы Алагиры 3-æм астæуккаг скъолайы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Цытджын Уæлахизы 81 азы кадæн кадджын уавæры байгом сывæллæтты нывты равдыст «Нæ дуджы хъæбатыртæ».
Ахуырдзаутæ сæхи къухтæй цы нывтæ сарæзтой, уыдонæй æдзæмæй кæсынц нæ рæстæджы хъæбатыртæ, Алагиры районæй рацæуæг, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдон. Фæндзæм æмæ æвдæм кълæсты ахуырдзаутæ сæ куыстыты равдыстой, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи ратта, уыдоны.
Кадджын мадзалы архайдтой Алагиры районы Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады хайады минæвæрттæ, пъæлицæйы майор Хъайтмазты Ирбег, Ветеранты советы сæрдар Бицъоты Олег æмæ Æхсæнадон советы уæнг Татьяна Байбародова. Уыдонимæ ма уыдысты бынæттон хиуынаффæйады администрацийы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, районы скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ.
Цгъойты Дилярæ арфæ ракодта уазджытæн æмæ сын радзырдта, равдыст саразыны хъуыды сæм куыд фæзынд, уый тыххæй. Скъолайы директоры хæдивæг Тедеты Элинæ равдысты архайджыты сæ зæрдæагайгæ нывты тыххæй схорзæхджын кодта Кады гæххæттытæй.
Уæрæсейы адæмты иудзинады аз ацы мадзал ирд дæнцæг у, нæ бæстæйы тых нæ иудзинады кæй ис, уымæн. Уæрæсейы адæмты ’хсæн иудзинад куы уа, уæд цавæрфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахиздзысты.
Кадджын мадзал райдыдта Сыгъдæг Георгийы лентæйæ. Алы архайæгæн дæр балæвар кодтой бур æмæ сау хæххытæ лентæ – раздæры æмæ ныры дуджы хъæбатырты сæрыстырдзинады нысан. Традицион æгъдаумæ гæсгæ азæлыдысты Уæрæсейы Федераци æмæ РЦИ-Аланийы гимнтæ. Кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ радзырдтой æмдзæвгæтæ хæсты тыххæй.
Хистæркъласонтæ та азарыдысты «Журавли». Уый уыд, цард мæлæтыл кæй фæуæлахиз, кæй ничи æмæ ницы ферох, уый нысан.
Не ’хсæн чи нал ис, уыдоны æрымысынæн адæм иу минут æдзæмæй алæууыдысты. Бедойты Игорь, Дзантиаты Аслан, Толпарты Валери æмæ иннæ хъæбатырты нæмттæ хорз зонгæ сты алагирæгтæн.
Мадзалы автортæ равдыстой сæ хъуыдытæ æмæ сæ ахастдзинад. Экспозици уыдзæн мæйы кæронмæ. Йæ саразджытæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ равдыст хуымæтæджы аивадон проект нæу, фæлæ патриотон хъомылады егъау мадзал.
Сывæллæтты нывты равдыст «Нæ дуджы хъæбатыртæ» Алагиры у æнæмæнг хъæугæ культурон мадзал, Уæрæсейы адæмты иудзинады æмæ историон цауты зæрдылдарыны ахсджиаг къæпхæн. Уый дзуры ууыл, æмæ бахъуаджы сахат æрыгон фæлтæр цæттæ у Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














