Æдасдзинад æмæ санитарон уавæры фарстатæ

0
63

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы радон аппаратон æмбырды архайдтой нæ республикæйы ведомствæтæ æмæ министрадты разамонджытæ, районты сæргълæуджытæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ. Æмбырд амыдта Сергей Меняйло. Ныхас цыдис Цæгат Ирыстоны оперативон уавæр, æдасдзинад, санитарон æмæ  социалон-экономикон фарстатыл.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег бæлвырд бæрæггæнæнтæ бацамыдта, ивгъуыд къуырийы нæ республикæйы цы  фыдракæндтæ æмæ æндæр æвирхъау цаутæ  цыдис, уыдоны фæдыл. Загъта, фæстаг рæстæг æнæпилотон æдасдзинадмæ фылдæр цæстдард кæй цæуы, æмæ æмбæлгæ ведомствæтæ ацы хъуыддагмæ къæрцхъус кæй сты. Æмбырды ахсджиаг фарстайыл нымад уыдис, тыхджын къæвдаты афон та кæй райдыдта, æмæ ныры онг дæр, «ливневкæтæ» кæй хонынц, уыдоны куыст  æххæстгонд кæй нæу, уый. УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы разамонæджы хæдивæг Кокайты Алан куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæйы цæугæдæтты доны æмвæзад бæрзонддæр фæци тыхджын къæвдатæй, æмæ уыцы уавæр æвзæрын кæны тасдзинад адæмæн.

– Джызæл æмæ Æрæфы район тынг хъыгдард баййæфтой тæрккъæвдатæй. Аграрон куыстуæттæ цы фидæны тыллæджы быдыртæ байтыдтой, уыдон их фесæфта. Адæмимæ нын ис бастдзинад, æмæ æдзух хъусын кæнæм æнæнхъæлæджы уавæр сæвзæрыны фæдыл æппæт информацион фæрæзтæй дæр. Тыхджын къæвдатæй цæугæдæттæ  Терк æмæ Камбилеевкæйы  дæтты æмвæзад фæбæрзонддæр, æмæ архайæм, цæттæ стæм,  цæмæй нæ æнæнхъæлæджы цаутæ æдзæттæйæ ма æрæййафой, уыцы куыстмæ, – загъта Кокайты Алан.

Аппаратон æмбырды РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ивгъуыд къуырийы Дзæуджыхъæуы Курсантов-Кировцевы ног  квартæлы  бирæфатерон хæдзæртты бынмæ тыхджын уарынты дæттæ бакалдысты æмæ   тæссаг  уавæр сæвзæрын кодтой цæрджытæн. Уæвгæ, ахæм ран фесты Хæдарцайы æмæ Магкайы-фыртты уынгтæ дæр. Министр Хъараты Тимур æмбырды архайджытæн радзырдта, аразæг компанитæ фæрсгæ кæй нæ кæнынц министрады специалистты, æмæ афтæмæй сæ хивæнд архайдæй ахæм цаутæ кæй æрцæуы.

– Объект аразыны размæ уал  бæрæггæнæн  куыст  кæнын фæхъæуы, тæрккъæвдаты дæттæ кæдæм кæлдзысты, уыцы фарста, фыццаджыдæр, сбæлвырд кæнын, стæй дарддæр архайын. Ацы ног  цæрæн квартæлты та «ливневкæтæ» нæй, – загъта Хъарайы-фырт.

Сергей Меняйло æмбæлгæ ведомствæйæн бахæс кодта, закъон чи халы, уыцы аразæг компаниты ныхмæ барадон акттæ саразын.

– Æнæ  цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадимæ бауынаффæ кæнгæйæ, нæй бар лæвæрд аразæг компанитæн арæзтадон куыстытæ кæнынæн. Уый закъонхæлдыл нымад цæуы, – фæнысан кодта  нæ республикæйы Сæргълæууæг.

Аппаратон æмбырды ныхас цыдис сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъд æмæ æдасдзинадыл, фæндæгты фæрсты сыгъдæгдзинад, æнæзакъон бырæтты обæуттæ æмæ æндæр санитарон фарстатыл.

Сергей Меняйло Фæллой æмæ социалон рæзты министрадæн бахæс кодта, 1 июнмæ – Сывæллæтты хъахъхъæнæн бонмæ  нæ республикæйæ  сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, æвæрæз бинонты, æнæкуыстхъом æмæ Донбассы сывæллæттæн лæвæрттæ ракæныны  хъуыддагыл бацархайын. Уымæй уæлдай ма районты разамонджытæ æмæ Дзæуджыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеславæн бахæс кодта сæрдыгон афонмæ парктæ æмæ фæзтæм базилын, ног талатæ, кæм хъæуы, уыцы фæзты  ныссадзын. Мæздæджы æмæ Æрæфы районты разамонджытæ та цæмæй  сæ хъус æрдарой, нæ республикæйы Сæргълæууæгмæ амынд районты цæрджытæ цы хъасты фыстæджытæ æрвитынц сæ уынгты, фæндæгты, æдзæллагдзинады тыххæй, уыцы фарстатæм се ‘ргом аздахынмæ.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here