Агропромышленнон къабазы ахсджиаг цау

0
61

Цæгат Ирыстоны 13-14 августы сараздзысты «Фат-Агро»-йы наукон-практикон форум. Уый  цæуы æстæм хатт. Афтæ зæгъæн ис, æмæ форум суыдзæн агропромышленнон къабазы ахсджиагдæр цау, æрбаиу кæндзæн наукæйы, амалхъомады, хъæууонхæдзарады, бæрнон ведомствæты минæвæртты.

Уазджытæ æрцæудзысты Уæрæсейы алы регионтæ æмæ фæсарæйнаг бæстæтæй. Рæгъмæ рахастæуыдзæн «Хæрзмыггаг картофы мыггаг рауадзыны нырыккон технологитæ». Специалисттæ се ‘ргом аздахдзысты хæрзмыггаг саразыны фыдыбæстаг ахсджиаг фарстатæм, куыстады ахадындзинад фæхъомысджындæр кæнынмæ инновацион технологитæ хæссыны
хъуыддагмæ.

Эксперттæ равзардзысты селекцийы нырыккон фадæттæ, хæрзмыггаджы æрмæджы æнæниздзинад, къабазы нымæцон уынаффæтæй пайда кæныны авналæнтæ, картоф дарыны технологитæ, йæ бахъахъхъæныны, импорты бæсты хи продукци уадзыны æмæ æндæр фарстатæ. Уæлдай æргом аздахдзысты дунеон æмæ регионалон æмгуыстадмæ, практикон фæлтæрддзинадæй хай кæнынмæ, наукæ æмæ амалхъомады ‘хсæн ахастытæм.

Форум аразгæйæ, «Фат-Агро» йæхи дæсны æмæ арæхстджынæй равдыста, кæддæриддæр цæттæ вæййы хъуыддаджы ныхасмæ, къабазы зындзинæдтæ равзарынмæ, ахадгæ хуызы сæ алыг кæнынмæ, ома, агропромышленнон къабазы рæзтыл бакусынмæ. Фарон форум æрæмбырд кодта 150 архайæджы Уæрæсейы 17 регионæй  – республикæйы сæмбæлдысты Сомих, Белорусси æмæ Швейцарийы бæрнон минæвæрттæ.

Къабазы технологон рæзтмæ къæрцхъусдзинад фарон форумы æппæт архайджытæ дæр равдыстой. Ацы аз дæр форум хъæздыг уыдзæн мидисджын ныхасæй, экспертты хъуыдытæй, нырыккон хæрзмыггаджы тыххæй дзы бæстон ныхас рауайдзæн. Куыстуаты официалон сайтмæ хи бахæссæн ис архайджыты хыгъдмæ.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here