«Ирон бæгæны – 2026»

0
65

Фарæстæм æппæтдунеон националон-культурон фестиваль-конкурс бацыд йæ тæмæны. Сбæрæг уал сты Æрæфы æмæ Кировы районты уæлахиздзаутæ, абон та – Мæздæджы районы хуыздæр бæгæныфыцджытæ.

– Ацы аз фæуæрæхдæр конкурсы географи, архайдзысты дзы Турчы, Америкæйы, Канадæйы, Кенийы, Кипры, Израилы, стæй уæрæсейаг регионты ирон æхсæнæдты минæвæрттæ. Фæндзæм июны ерыстæ цæудзысты Хуссар Ирыстоны, фæстæдæр та – Пятигорск æмæ Краснодары. Кæронбæттæны фестивалы архайдзæн 22 хуыздæр ирон бæгæныфыцæджы. Ныридæгæн уал сбæрæг сты фарастæй, – нæ уацхæссæгæн радзырдта проекты автор, Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары традицион культурæ æмæ адæмон сфæлдыстады хайады сæргълæууæг, республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Битарты Ларисæ. Куыд бафиппайдта, афтæмæй рæстæмбис нымадæй конкурсы фæархайы 5-8 адæймаджы, сæ цæттæдзинад алыхуызон вæййы. Æрыдоны районы Фыййаджыбылы фондз архайæгæй жюри хуыздæр бæгæныфыцæгыл банымадта Сихъоты Зæлинæйы. Конкурс расидджытæ разыйæ баззадысты Комсомольскы хъæуы ирон бæгæныйы бæрæгбонæй, зæрдиагæй йæм бацæттæ кодтой хъæуы администраци æмæ йæ цæрджытæ. Жюрийы уæнгтæн зын уыд хуыздæры равзарын. Горæтгæрон районы цыппар хъæуы дæр уæлахиздзаутæ сбæрæг сты конкурсы, Хъæдгæроны Сатанатæ та ерыс кæндзысты 22 майы.

– Æрвылбон цæуæм республикæйы районты хъæутæм, бæрæг кæнæм хуыздæрты. Æнæ бæгæныфыцæн компаниты къорд «Бавария»-йы æххуысæй ныр фарæстæм хатт ахæм мадзал арвитын нæ къухы нæ бафтид, æмæ сын стыр бузныг. Цæйфæнды фæдыл дæр куы вæййы нæ курдиат, æдзухдæр райсæм разыйы дзуапп, – зæгъы проекты автор.

Фестиваль-конкурсы кæронбæттæн хай уыдзæн ацы аз 11 сентябры.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here