Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæндагаразджытæ Дзæуджыхъæуæй Лескен-2-мæ цæуæг фæндаджы хай фæуæрæх кæныны куыстытæ дарддæр æххæст кæнынц.
Регионы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, фæндаджы фæйнæ фарс аразынц уæлæмхасæн уадздзæгтæ æмæ афтæмæй дыууæйы бæсты фæзындзæн цыппаруадздзæгон фæндаг. Кæрæдзийы ныхмæ цæуæг транспорты къордтæ фæхицæн кæнынæн фæндаджы астæу æрфидар кæндзысты бетон æмбондтæ.
– Цæугæдон Цраудоны сæрты хидыл дæр уæлæмхасæн уадздзæгтæ фæзындзысты. Специалисттæ хидыл цæуæг уадздзæгты нымæц цыппары онг фæуæрæх кæндзысты, æмæ афтæмæй суткæйы дæргъы æртын мин хæдтулгæйæн уыдзæн фæндагыл æнæкъуылымпыйæ цæуыны фадат. Ацы проект æппæт республикæйæн дæр у ахсджиаг. Фæндаджы хай уæрæхгонд куы фæуа, уæд транспортон фæрæзтæн уыдзæн нырæй удæнцойдæр æмæ æдасдæр уавæрты цæуыны фадат, – бафиппайдта регионы Сæргълæууæг.
Арæзтадон куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект «Цардæн – инфраструктурæ»-мæ гæсгæ.
Олег АПРЕЛЕВ














