Зары фыдбæллæхы фесæфæг адæмы кадæн

0
40

1992 азы 20 майы Хуссар Ирыстоны Зары хъæуæй фæндагыл гуырдзиаг экстремисттæ сæ размæ бабадтысты æмæ амардтой ирон сабыр цæрджыты, кæцытæ фæлвæрдтой, знаджы цæг кæуыл æрхæцыд, уыцы Цхинвалæй раирвæзыныл. Æртын æртæ адæймаджы фæмардысты, цыппæрдæс та цæфтæ фесты. Тæккæ хистæрыл цыди 73, тæккæ кæстæрыл та — 10 азы.

Уæдæй нырмæ уыцы æвирхъау цау 20 майы Хуссар Ирыстоны сси Мысæн æмæ æрхæндæджы бон.

2007 азы фыдбæллæх кæм æрцыд, уым байгом кодтой мемориалон комплекс. Йæ сæйраг хай у дзуары раз æрыгон сылгоймаджы скульптурæ, уый хъавы йæ саби нæмгуытæй бахъахъхъæнын. Скульптурæйы бынмæ мраморæй къæйыл та фыст сты Зары трагедийы бахауæг адæмы нæмттæ.

Сæ Мысæн боны Хуссар Ирыстоны дæлæмæ æруагътой паддзахадон тырысатæ, мемориалон комплексы бынмæ сæвæрдтой дидинджытæ, уыдис дзы саударæн митинг.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here