Хъайтары ном кадджынæй хæссы Хуымæллæджы колхоз

0
39

Ивгъуыд æнусы дыккаг æмбисы — 60-80 азты — Хуымæллæджы, Плиты Иссæйы номыл колхоз нымад уыдис Ирыстоны стырдæр æмæ домбайдæртæй иуыл. Нæ механизатортæ, специалисттæ æмæ трактористтæ – Гаситы Отарби, Царахаты Гришæ, Фидараты Фидар, Иван Кузубов — сæйраг агроном, Калоты Виктор – сæйраг экономист, Владимир Слайчевский – бригадир, Кцойты Валери, Кæсæбиты Барис – сæйраг инженер, ныры сæрдар æмæ иннæтæн сæ нæмттæ хъуыстгонд уыдысты.

Стыр кад уыдис Хуымæллæджы интеллигенцийы минæвæрттæ Кцойты Мæирбегæн, Гусаты Сарбегæн, Дауыраты Дамирæн. Уыдон сæ удтæй арт цагътой, цæмæй сæ райгуырæн хъæу нымад уа раззагдæртимæ. Колхозы уæззаудæр æмæ тыхстдæр азты хæдзарады хайады хицауæй куыста Дзгойты Хъырым, йæ хæстæ æнтыстджынæй æххæст кодта. Æхсыры-товарон фермæйы куыстой Колыты Мурзик, Беруаты Фатимæ, Хуыдæлты Светæ æмæ иннæтæ. Сæ руаджы фермæ нымад уыдис нæ республикæйы хуыздæртæй иуыл. Колхозтæ ма хъаз-уатонæй куы куыстой, уæд æгас Ирыстоны дæр кадджын уыдысты бригадиртæ Ленины орденхæссæг Царахаты Хадзыбатыр, Советон Цæдисы Сæйраг Советы депутат Басаты Алыкка.   Уæдæ чи нæ фехъуыста Æлбегаты Харитоны нартхоры кой. Уый-иу цингæнгæйæ арæх дзырдта:

— Уæрæсейы паддзах мын мæ хуымтæ фенынмæ ссыди. Хрущев, хорз лæг уыди, фæллойгæнæг адæймагæн иу паддзах дæр уымæй хуыздæр ничи уыдис. Мах цы хъæуы? Хицауы хуымæтæгдзинад. Съезды Мæскуыйы куы уыдтæн мæ нартхæрттимæ, æмæ Хрущев куы ‘рбацæйцыд, уæд мæ базыдта. Æз лæугæ кодтон, бынæттæ дзы нæ уыд, уый мын мæ къух райста, стæй, фыццаг рæнхъыл йæ риу хæрзиуджытæй йедзаг кæмæн уыди, ахæм маршалы сыстын кодта: «Постой, маршал, возле Албегова», йæхæдæг президиуммæ схызтис.

1964 азы та ссыдис хъæумæ, мæхи цæстытæй, дам, фенон ахæм нартхор кæм зайы, уый. Раттой йæм нартхæртты баст, æмæ цыма сывæллон уыди, уыйау йæ дзыхы дзаг худгæйæ загъта: «Мæнæ цы диссаджы нартхор зайы Хуымæллæджы». Уыцы истори баззайдзæн æрмæст хуымæллæггæгты нæ, фæлæ æгас Ирыстоны адæмы зæрдæты. Уый уыдис хортауæджы кадгæнæн бæрæгбон. Кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр архайдтам нæ уазджыты сбуц кæныныл. Æрыгон чызджытæ иууылдæр уыдысты ирон разгæмтты, хъуысыд ирон фæндыры цагъд. Хрущевимæ раздæр сæмбæлд Дзампаты Оля – скъоладзауты быдыры куыстгæнæг бригады разамонæг, фæскомцæдисон. Уый Мæскуыйы фæскомцæдисы ЦК-йы Пленумы куысты архайдта, æмæ йыл Хрущев тынг бацин кодта, куы йæ базыдта, кæцæй у, уæд. Хрущев куы ссыдис, уыцы рæстæг колхозы сæрдарæй куыста Кæсæбиты Руслан. Абон дæр ма мæ цæстытыл уайы, Плиты Иссæйæн куыд дзырдта, нæ колхоз йæ ном кæй хæссы, æмæ нын уый тыххæй æдзæллаг уæвæн нæй. Иссæ йæм йæ мидбылты бахудти. Хъуамæ æгас Ирыстон дæр сæрыстыр уа ахæм фембæлдтытæй.

Кæсæбиты бинонты тыххæй у мæ дарддæры ныхас. Хъæуы айхъуыст, зæгъгæ, дам, Митя дæр хæстæй ссыдис, Дудараты станцæйы поездæй æрхызт. Фæлæ йæ дыууæ лæдзæджы æнцæйтты куы федтой, уæд сагъдауæй аззадысты, йæ размæ чи рацыд, уыдон. Цыдис протезимæ, фæлæ хæсты фæстæ йæ диссаджы хъæлæсæй куы ныззарыд чындзæхсæвы, уæд хъæуы адæмы ныфс бацыд.

Фæззæг фесгуыхтысты нæ хъæуы быдыртæ. Колхоз фæллойы бонтæн ратта бирæ хор, алы хæдзармæ дæр ластой нартхор, картоф, суанг ма мыд дæр. Адæм сæхиуыл фæхæцыдысты, бахъæлдзæг сты. Цæуын нæм райдыдтой бæстæйы алы кæрæттæй хъæууон хæдзарады разамонджытæ, уæ фæлтæрддзинад, дам, нæ базонын фæнды. Суанг ма Мæскуыйæ дæр Лигачев ссыдис, æрзылди, алцыдæр йæхи цæстæй федта. Тынг диссаг æм фæкастис, нæ фермæтæй иуы къалбасгæнæн цех кæй скодтам, уый. Мах дзы хæдзарады колхозонтæн быдыртæ æмæ фермæтæм ластам, хъæуы адæмæн дзы асламдæрæй уæй кодтам.

Ныртæккæ йæ фыд Митя æмæ йе ‘фсымæр Русланы фæстæ колхозы сæрдарæй активонæй кусы Барис. Колхозы сæргъы куы ‘рлæууыд, уæд дзы уыдис 600 кусæгæй фылдæр. Республикæйы ахста фыццаг бынат, йæ хуымзæххытæ та уыдысты æртæ мин гектарæй фылдæр. Фæлæ хорзæй цы уыди нæ бæстæйы, уыдон халынмæ куы бавнæлдтой, уæд ма Плиты Иссæйы номыл колхозы баззад æрмæст 1300 гектары, иннæтæ байуæрстой, чи куыд сæрæндæр уыд, афтæ сыл хæлоф кодтой. Ныр ма хæдзарады кусы æрмæстдæр 40 адæймаджы. Фæлæ сæ къухтæ не ‘руагътой хуымæллæггаг фæллойгæнджытæ. Тауынц сойæ, мæнæу, нартхор, æхсынæн æмæ афтæ дарддæр. Фæстаг рæстæджы сæ зынг хуртæ хъыгдарынц, донхорыг нæ кæнынц, цы донуадзæн къанæуттæ арæзт уыдис, уыдон хæлд æрцыдысты, дон кæцæй райсой, уый нæй, кæд раздæр дон хæл-хæлæй калди нæ быдырты, уæд.

— Адæймаг зындзинæдты сæрты куы ахизы, уæд зæрдæ чысыл барухс вæййы, нæ хæстæ æххæстæй афоныл фидæм. Мыггæгтæ, хъацæнтæ зынаргъæй æлхæнæм. Мæ зæрдæ рухс кæны не специалистты куыстæй, иууылдæр сты фæллойуарзаг æмæ зæрдæргъæвд, сæ куыстæй сæ зæрдæтæ райынц, уымæн æмæ афоныл исынц мызд, — радзырдта Барис.

Барисмæ цæуынц алы фарстаты фæдыл дæр. Мæнæ куыд радзырдта Кæсæбийы-фырты тыххæй Хуымæллæджы кадджын хистæр, раздæры хъæуыхицау Куыдзиаты Таймураз:

— Кæсæбиты Барис æмæ хъæуыхицау Сæлбиты Артур кæнынц æмгуыст. Иу бон та фембæлдысты æмæ Артур дзуры Барисæн: «Уæртæ нæ хъæумæ æрбацæуæны, хæстонты цыртдзæвæн зæронд æнгуз бæлæсты бын фæцис, базилын æм хъæуы». Барис уыцы бон горæтæй æртардта хъæугæ машинæ, хъæуы цæрджытæ дæр сæм фæкастысты, зæронд бæлæстæ акалдтой, ныссыгъдæг кодтой фæз. Афтæ алы хъуыддаг дæр иумæ бахынцынц.

Скъолайы алыварс Барис йæхи хардзæй скодта æфсæйнаг быру, бырондæттæ ныссыгъдæг кæнын кодта. Йæ хорздзинæдтæн кæрон нæй. Хъæуы цæрджыты фарсмæ вæййы сæ цины дæр æмæ сæ хъыджы бон дæр. Хъæубæстæ дзы сты тынг разы.

Йæ рæстæджы Барис йæ цард баиу кодта Бызыккаты Дзерассæимæ. Уый Кæсæбитæм бавæрдта амондджын къах. Йæ хицау Митя æмæ йе ‘фсин Уæлыккаимæ кæрæдзийы бамбæрстой æмæ æмудæй фæцардысты. Схастой фондз хъæбулы, се ‘ппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад. У Бруты амбулаторийы адæмæн уарзон дохтыр. Дзæбæх сæ кæны йæ хъарм ныхæстæ æмæ йæ бирæ зонындзинæдтæй.

Уыцы зонындзинæдтæ дын, Хуыцауæй лæвæрд сты, Дзерæ, æмæ дæ йæ хорзæх уæд. Дæ цардæй дæ зæрдæ рухс кæнæд. Уазæгуарзаг бинонтæн лæггад кæнын зын у, фæлæ ды фæлтæрд, æнæзивæг сылгоймаг дæ.

Дыууæйæ дæр сæ куыстытыл æнувыд сты Барис æмæ Дзерассæ, уый иу, фæлæ æхсæнады дæр сты æнæзивæг архайджытæ. Сæ хорздзинæдтæн сын аргъгонд æрцыд. Барис у республикæйы Хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг, Дзерассæ та хорзæхгонд æрцыд Уæрæсейы Сылгоймæгты цæдисы Кады гæххæттæй.

ЦЪЫККАТЫ-ГУГКАТЫ Зарæ,
Хуымæллæг — Беслæн

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here