Æрвылбоны фарстатæм æркастысты

0
22

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Хицауады уæнгтæ, ведомствæты разамонджытæ сæ хъуыдытæ загътой, сæ размæ сын цы фарстатæ сæвæрдта, уыдоны тыххæй.Иууылдæр баст уыдысты нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтимæ.

Фыццаг фарста уыд кадртимæ баст. РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæгæй 2027 азы июны онг кусдзæн Игорь Портнов. Нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæгæй та снысан кодтой Махъоты Артуры.

Социалон къабаз куыд ахсджиаг у, æмæ цавæр паддзахадон лæггæдтæ уыдзæн, уый тыххæй ра-дзырдта нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри. Сидзæр æмæ æвæгæсæгæй цы сывæллæттæ баззадысты, уыдонæн социалон æххуысы уæлæмхасæн зæрдæдарæнты тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахастой.

Æнахъомты ’хсæн барадхæлдтытæ æмæ æнæцæстдард уавæр ма ’руадзынæн мадзæлттæ аразыныл дæр министр дзырдта.

Æдæппæтæй нæ республикæйы 60 мин адæймаджы бæрц пайда кæнынц социалон лæггæдтæй.

«РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты рæзт»-ы паддзахадон программæмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл, стæй министрады дæлбар куыстуæтты кусджытæн мызд фидыны тыххæй фарста рæгъмæ рахаста министр Фрайты Сослан.

– Нæ республикæйы спорты рæзт, æнæниз цардыуаг сты фыццаградон фарстатæ, ницы сын æвгъау кæнæм, – бафтыдта Хицауады Сæрдар.

Рохуаты не сты хъæууон хæдзарады кусджытæ дæр. Республикæйы  Хъæууон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан радзырдта, агротехнологон куыстытæ чи бакодта, экологон æдас-дзинад æмæ мæры хъæздыгдзинадыл хъуыды кæнгæйæ, уыдонæн сæ хæрдзты иу хай субсидиты хуызы раттыныл. Зæгъæм, картофы, халсарты культуртæ, хæрзхъæд тауинæгты чи кæны, уыдонæн. Хицæн ныхас цыдис, æхсыры куыст чи кæны, уыдонæн дæр субсидитæ дæттыныл. Хицауады уыцы уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахастой.

«РЦИ-Аланийы граждæнтæн æнцонвадат цæрæн-уæттæ дæттын» – ацы паддзахадон программæйы домæнтæм гæсгæ æххуыс кæмæн æмбæлы, уыдоны номхыгъд дæр сфидар кодтой. Программæйы фæлгæты райсдзысты нысанмæ субсидитæ.

Тарниз æмæ ВИЧ-инфекцийæ хи бахъахъхъæнын, йæ рапарахат кæнын ма ’руадзынæн арæзт æрцыд ведомствæты ’хсæн къамис. Йæ номхыгъдмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл дзырдта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан. Æмбырды ма ныхас цыд æндæр фарстатыл дæр.

 Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here