Программæ «Хъайтарты рæстæг»-ы 312-æм архайæг, Илья Агаповы снысан кодтой Цæгат Ирыстоны федералон инспекторæй УФ-йы Президенты Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæвары аппаратæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæварадæй.
«Лæгдзинады дыууæ ордены кавалер, программæ «Хъайтарты рæстæг»-ы архайæг Илья Агапов нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны федералон инспекторæй. 2024 азы Илья Агапов ссис программæ «Хъайтарты рæстæг»-ы фыццæгты архайæг. Уый уыдис Владимир Путины хъæппæрис, æмæ æххæстгонд цæуы паддзахадон разамынды уæлдæр скъола æмæ президентон платформæ «Уæрæсе-гæнæнты бæстæ»-имæ.
2026 азы фæци ахуыр. Агапов стажировкæйы ацыд УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæварады аппараты Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкайы разамындæй», – загъд ис хъусынгæнинаджы.
Илья Агапов райгуырд 1968 азы Новосибирскы. Службæ кодта Стъараполы крайы Буденновскы. Йæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Лæгдзинады дыууæ орденæй, орден «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй»-ы дыккаг къæпхæны майданæй цирхъытимæ, Жуковы майданæй.
Нæ уацхæссæг














