Чи сафы нæ чъириты фарн?

0
25

Фæстаг азты нæ кувинаг чъиритæ канд æндæр адæмтæн нæ, фæлæ нæхи ирæттæй дæр бирæтæн систы æрмæст æхца кусыны фæрæз. Иугæр сæ кад дунетыл айхъуыст, уæд сæ алы ран дæр хæлофæй кæнынц æмæ æлхæнынц. Æмæ ма сæ куыд æмбæлы, афтæ куы кæниккой, уæд адæймагæн зын нæ уаид. Æндæр адæмыхатт, Ирыстоны чи никуы уыдис, уыдон цæмæй зонынц, æцæг чъири цавæр хъуамæ уа, уый.

Æз æрвылаз дæр вæййын Хъырымы горæт Алуштæйы. Иу  хатт денджызы былтыл фæцæуын. Иу ран авгæй витринæйы бын алыхуызон хæлцы фарсмæ мæ цæст æрхæцыд фыст «Осетинские пироги»-йыл. Цингæнгæ ныккастæн æмæ хорзау нал фæдæн. Ирон чъиритæ кæй схуыдтой, уыдон уыдысты пиццæтæ, чи — карчы дзидзайы кæрдихтимæ, чи – зокъотимæ, чи – кæсагимæ. Æз сын фæуайдзæфтæ кодтон, зæгъын, худинаг уæм нæ кæсы, хъазинаг нын цæмæ кæнут нæ табуйаг чъиритæй. Æмæ, дам, куыд зонæм, афтæ кæнæм.

Уыдон уым дыууæ азы дæргъы фæуæй кодтой «ирон чъиритæ», стæй сæ нал федтон. Фæлæ та уый фæстæ, иу æртæ азы размæ, уыцы горæты Горькийы уынджы иу бæстыхайыл дынджыр дамгъæтæй фæзынди фыст «Осетинские пироги». Мæнæн æхсызгон уыди, зæгъын, æвæццæгæн, нæхи ирæттæй ам чидæр кафе бакодта æмæ сæ, зæгъын, куы фенин. Бацыдтæн æмæ та цы федтон: æндæр адæмыхаттæй чи уыд, ахæм сау, æнæдаст лæг чысыл гуылгæндтæ тъæпæн кæны. Витринæйыл кæрæдзийы фарсмæ æвæрд гуылтыл фыст, чи дзы цæмæй у, уый: цыхтæй, зокъотæй, карчы фыдæй, джемæй… Æмæ сæм адæм рады лæууынц. Æз æй афарстон:

– Искуы Ирыстоны уыдтæ, ирон чъири федтай?

– Нæ уыдтæн æмæ нæ федтон, фæлæ мын сæ куыд бацамыдтой, афтæ сæ кæнын.

– Æмæ дæхи дукани у?

– Нæ, мæ узбекаг хæлары у, æз та йæ кусæг дæн.

Æз кастæн æлхæнджытæм æмæ хъуыды кодтон, зæгъын, тæригъæд не сты, æцæг ирон чъири чи никуы федта æмæ адоныл чи хæлоф кæны.

Уыцы дукани абон дæр уæй кæны «ирон чъиритæ», фæлæ сæ иу бафæрсæг дæр никуы вæййы. Уæдæ нын Хъырымы ирон диаспорæ  æмæ минæварад дæр ис, фæлæ… Æз ныхас кодтон диаспорæйæ иуимæ ацы сагъæссаг фарстайы фæдыл. Куыд мын загъта, афтæмæй  сæ бон ницы у саразын. «Искæмæн йæ бизнес куыдæй сæхгæнын кæндзынæ, закъонæй дæм уыцы бар  лæвæрд куы нæ уа, уæд» – уыд йæ ныхас. Кæй зæгъын æй хъæуы, раст у. Уый тыххæй нæ Хицауад куы ницы закъон, куы ницы официалон уынаффæ рахæссой, уæд дæм чи байхъусдзæн?

Нæ национ хæринæгтæ æмæ дзаумæттæй кæцыдæртæн сæрмагонд патент саразыныл ныхас рагæй цæуы, фæлæ абоны онг дæр конд ницы ‘рцыди. Уый куы уаид, уæд, ивартæй тæрсгæйæ, нæ чъиритæй афтæ парахатæй æхца нал кусиккой, кæнæ та сæ, куыд æмбæлы, афтæ кæниккой.

Бафиппайын хъæуы уый, æмæ нæхимæ дæр ахæм амалгæнджытæ кæй фæзынди. Джемæй кæй скæнай, уый чердæм ирон чъири у? Уый у, алы адæмыхатт дæр кæй кæнынц, ахæм адджинаг, æмæ дзы туристты уæддæр куынæуал саиккой. Стæй канд уый нæ. Дзæуджыхъæуы иу кафемæ бацыдыстæм, æмæ цæхæраджын скæнын бафæдзæхстон. Æрæгмæ йæ куы хастой, уæд къæбицмæ бакастæн: чъири скæныныл архайдта, æндæр адæмыхаттæй чи уыд, ахæм лæг. Æз æм мæ къух дæр нал бакодтон. Уыцы «æфсины» конд чъиритæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æлхæнынц кувынмæ дæр. Нæлгоймаг йæ къух цы кувинаг хойраджы нытътъысса, уымæй ма дæ хæдзары дæ Хуыцауы хаймæ куыд кувыс?..

Диссаг ма мæм уый кæсы, æмæ йæ хæдзары чъиритæ кæй ничиуал кæны. Адæмæн сæ фылдæр афтæ зивæггæнаг систы, æмæ фых айк æмæ кас дæр æлхæнгæ кæнынц. Æмæ, чъиритæ æнæуи хæрынæн куы балхæнай, уæддæр ма уыйас хъыг нæу, фæлæ, сылгоймаг чи хуыйны, йе ‘нæниздзинад кæмæн амоны, уый бæрæгбоны, уæлдайдæр адæмон бæрæгбоны, йæ хæдзармæ кафейы конд чъиритæ, фылдæр хатт маннæйы къурупаимæ змæстæй куыд хъуамæ æрбахæсса?

Æхсызгон дæм куыд нæ хъуамæ кæса, дæ хæдзары дæхи конд чъиритæй дæ бæрæгбоны фарн куы фæтыхджындæр кæнай, уый. Бынтон диссаг та уый у, æмæ сын сæ ном кæй сдзырддаг кодтой. Чъири, дам, гуырдзиагау «низ» амоны. Æмæ гуырдзиаг æвзаг ирон æвзагмæ цы бар дары? Ныр уыдонмæ афтæ амоны, æмæ мах уый тыххæй нæ ирон хойраджы ном аивæм?

Алы ирон лæг дæр бæрæгбæтты йæ хæдзары конд æртæ чъирийæ куывта Стыр Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм, фæдзæхста сыл йæ бинонты, йæ адæмы. Уый уыд нæ кæстæртæн стыр зонды скъола. Нæ дин, искæй исты уырны æви нæ, уæддæр уый у нæ культурæ, нæ истори, нæ фыдæлтæй баззайгæ хæзна, æмæ йæ нымайын хъæуы. Æмæ йæм æлхæнгæ чъиритæй кувæн нæй, уымæй адæймаг йæхи æгад кæны…

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here