Хъороты Егоры арфæйаг цард

0
16

Кавказы бирæ уыд æмæ ныр дæр ис, фондзыссæдз азæй фылдæр чи фæцард, ахæм нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Лескейнаг Кцойты Хамби фæцард 155 азы, амард 1965 азы. Хæтæлдойнаг сылгоймæгтæ Елуаты Дзего æмæ Базыраты Любæйыл фæйнæ 115 азы куы сæххæст, уæд амардысты. Бирæ сты, дæргъвæтин цард чи фæкодта, уыдон.

Хъороты Петкайы фырт Егор райгуырд 1800 азы Хуссар Иры Урстуалты Уæллаг Ерманы хъæуы. Мæлгæ та акодта 1968 азы – фæцард 168 азы. Уый тыххæй арæх фыста центрон мыхуыр дæр. Хъоройы-фыртмæ уыдис æвдисæндар. Уым бæлвырд фыст уыдысты, кæд æмæ кæм райгуырд, уыцы бæрæггæнæнтæ…

Зындгонд куыд у, афтæмæй Егор 1816-1827 азты хæринаггæнæгæй куыста паддзахы заман номдзыд инæлар, Бородинойы хъайтар, Кавказы наместник Алексей Петры фырт Ермоловмæ. Уымæн йæ галуаны хицау (дворецкий) Хъоройы-фыртæн ратта æвдисæндар, хæринаггæнæгæй цы азты бакуыста, уый фæдыл.

Цымæ номдзыд Ермоловмæ Егор хæринаггæнæгæй куыдæй бахауд?

Уыцы заманы ирæттæ бæхуæрдæтты Хъызлармæ арæх ластой алыхуызон уæзæгтæ уæй кæнынмæ. Иу заман Егор æмæ йæ фыд цыдысты Хъызлармæ. Амбæлд сыл инæлар Ермолов йæ хъахъхъæнджытимæ. Файтоны бадгæйæ, номдзыд инæлар фæкомкоммæ æрыгон хæрзконд лæппумæ. Бафарста йæ, кæмæй у, кæцæй цæуы? Фæлæ лæппу не ’мбæрста инæлары ныхæстæ æмæ æнцад лæууыд. Уæд инæлар хъахъхъæнджытæй иумæ фæдзырдта, æмæ йын уый йæ ныхæстæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодта. Хъоройы-фырт загъта йæ ном, йæ мыггаг, æмæ афтæмæй базонгæ сты. Лæппу инæлары зæрдæмæ фæцыд, æмæ йæ фæстæдæр йæхицæн хæринаггæнæгæй райста.

Зæрдæргъæвд, æнæзивæг, фæллойуарзаг лæппу уырыссаг фæлтæрдджын хæринаггæнæджы фæрцы базыдта уырыссаг æвзаг. Фæстагмæ дзы рауад тынг дæсны хæринаггæнæг. Инæлармæ-иу йæхи ’мсæр уазджытæ куы ’рбацыдысты, уæд-иу сын хæринаг кодта ирон лæппу. Уазджыты-иу алыхуызон хæрзад хæринæгтæй куы сбуц кодта, уæд-иу фысым тынг раппæлыд Егорæй. Æрбацæуджытæ дæр-иу ын бирæ арфæтæ фæкодтой. Иуæндæс азы дæргъы – Ермоловы фæстæмæ Уæрæсемæ акæныны онг æм æнæзæрдæхудт куыст фæкодта ирон лæппу. Хъороты мыггаг, хъæубæстæ, хæстæджытæ, зонгæтæ сæрыстыр уыдысты Егорæй.

1956 азы журнал «Огонек»-ы уацхæссæг Мæскуыйæ ссыд Егоры бабæрæг кæнынмæ. Йемæ уыдысты францаг уацхæсджытæ дæр. Уыдон бирæ фæныхас кодтой зæронд дадаимæ. Ныхас йæ тæмæны куы бацыд, уæд Хъоройы-фырт тæлмацгæнæгыл фæгуырысхо, раст нæ тæлмац кæны, зæгъгæ, æмæ семæ йæхæдæг райдыдта дзурын францаг æвзагыл.

Уазджытæ, уыдонимæ –  журналы уацхæссæг дæр, джихæй аззадысты, хохы цъасы чи райгуырд æмæ схъомыл, уый куыдæй базыдта францаг æвзаг, зæгъгæ. Егор сын куыд радзырдта, афтæмæй Ермоловмæ йæ сабиты хъомылгæнæгæй куыста францаг лæппу. Уый тынг балымæн йæхи карæн Егоримæ. Гувернант уæгъд рæстæджы Егоры ахуыр кодта францаг æвзагыл. Зæрдæргъæвд лæппу 2-3 азмæ базыдта æвзаг æмæ-иу йе ’мбалимæ æдæрсгæ дзырдта французагау.

Хъоройы-фырт йæ райгуырæн уæзæгмæ куы æрыздæхт, уæд лæггад кодта йæ хъæубæстæн, æнæхъæн комбæсты цæрджытæн дæр. Иу заман йæ хъæуккаг Джелыты Сандройы скъæтыл арт сирвæзт, æмæ сау æвзалы фестад. Мæгуыр лæг, мæ фос зымæг цы фæуыдзысты, зæгъгæ, катай кодта. Зæронд Егор хъæубæсты фæсивæды æрæмбырд кодта, бамбарын сын кодта хъуыддаг æмæ расидтис зиу. Æрыгон лæппутæ æмхуызонæй февнæлдтой æмæ дæс бонмæ скъæттæ ацарæзтой. Джелыйы-фырты фос уынджы къæйыл нæ баззадысты.

Егор цалынмæ йæ сæрæн уыд, уæдмæ хорз æххуыс кодта идæдз ус Гæхаты Зæрæдайæн, æнахъом цыппар сабийы мадæн йæ зæххы гæбаз ын бахуым кæнын, хъæбæрхор дзы байтауын, хор бафснайын, зымæгмæ суг фаг æрцæттæ кæнынмæ.

Уæдæ дугъты архайынмæ Егор йæ разæй никæй уагъта. Æмæ канд уыдæттæ нæ. Цин æмæ зианы балæггад кæнынмæ дæр йæхицæй лæгдæр нæ уыд.

Егоры хæдзар фосхъуаг никуы уыд. Дардта галтæ цалдæр цæды, хæрзмыггаг бæхтæ, хъуццытæ, фыстæ, сæгътæ, бирæ йæм уыдис алыхуызон мæргътæ. Уыдонæн холлæгтæ амал кæнын кастис йæхимæ. Сæрды дæргъы цæттæ кодта хос, хъæбæрхоры хъæмп. Быдырæй ласта нартхор, мæнæуы ссад. Цыбыр дзырдæй, Хъоройы-фырт йæ фæрныг хæдзар ницы хъуаг уагъта.

Хъæубæстæм-иу искуыцæй уазджытæ куы æрбафтыд æмæ-иу куы бафарстой, ам нын хуыздæр фысым чи уыдзæн, зæгъгæ, уæд-иу ныхасы зæронд лæгтæ загътой, Хъороты Егорæй хуыздæр фысым кæй не ссардзысты. Уыдон дæр-иу Егоры фæрныг хæдзары дуармæ æрлæууыдысты. Уымæн та уазæгыл бацин кæнын амонын нæ хъуыд.

Егормæ бирæ хæттыты уыдысты дохтыртæ, фарстой йæ, цы хæры, цы нуазы, афтæ бирæ цæй фæрцы цæры…

Йе ’фсымæры фырты-фырт Хъороты Дуби афтæ зæгъы:

– Æз æй арæх бæрæг кодтон йæ хæдзары. Уыдтæн-иу æвдисæн дохтырты фарстатæн. Егор-иу йæ мидбылты бахудт æмæ сын-иу загъта: «Фос, мæргътæ уымæн дарын, цæмæй мæхæдæг, бинонтæ хъуаг ма уой дзидза æмæ урсагæй». Ноджы-иу дзырдта, кæй уарзы халсартæ, гагадыргътæ, кæрог, гæнгæлы, мыртгæ, цъуй, æхсæлы, саунæмыг, дзедыр æмæ æндæр ахæмтæ. Диссаг мæм-иу фæкаст, хæххон хъæуы чи райгуырд æмæ фæцард, уый карз нозтимæ лымæн кæй нæ уыд. Куывды хистæрæн бадгæйæ, афтæ рæсугъд æмæ зæрдиагæй куывта, æмæ-иу ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Арахъхъæй-иу басидтис, нуазгæ та бæгæны кæнæ махсымæ (тæнæг къуымæл) кодта. Афтæ уыд хæдзары дæр: дойныйæн хуырх, мисын, бæгæны, къуымæл нозта.

Цуаны цыд къуыригæйттæ. Тамако йæ дзыхы никуы уыдис.

Хъороты Дуби æмæ йæ хистæр æфсымæр Дафайы ныхæстæм гæсгæ, Егор бирæ уарзта сабиты, æвдæлон рæстæг сæ-иу æрбамбырд кодта æмæ сын-иу аргъæуттæ, таурæгътæ дзырдта. Фæдзæхста сын: «Уарзут æмæ аргъ кæнут уæ ныййарджытæн. Хистæртæн лæггад бакæнынмæ зивæг макуы кæнут, фæкæсинаджы уæлхъус-иу балæуут. Уæхи дарын зонут цины, зианы, карз нозтмæ æввахс ма цæут. Бирæ уарзут фыдæлты уæзæг, ут ныфсджын, хъаруджын, фæллойуарзаг».

Уыдис ын чызг Клавдия. Смой кодта Соттитæм. Йæ лæг раджы амард, æмæ ус, хæстæджыты ’хсæн цæрон, зæгъгæ, Комгæронмæ ралыгъд æмæ дзы фæцард тынг зæрондмæ.

Йæ дыккаг усæн цот нæ уыд, æмæ дзы Егор ахицæн. Æртыккаг усæй йын райгуырд лæппу Мураткæ, фæлæ хæсты бацарæфтыд, бинонтæ скæнын дæр ын нал бантыст. Зæронд фыд тынг фæхъыг кодта йæ фыртыл. Уыдис ын цыппар æфсымæры: Хъæныз, Баймæт, Иуане æмæ Цамел. Алчидæр дзы фæцард 100 азæй фылдæр.

Егорыл 168 азы куы сæххæст, уæд бамбæрста, йæ адзал кæй æрбахæстæг, æмæ йе ’рвад Михойæн (дæсны уыд дурæй цыртытæ кæнынмæ) бабар кодта цырт ын скæнын. Цырт куы сцæттæ, уæд та скæнын кодта чырын, сахуырста йæ æмæ йæ дардта цары.

1968 азы Егор амард.

– Мæныл уæд цыдис 44 азы, – дзуры Дуби. – Зиантæм куыннæ цыдтæн, фæлæ зæрондмæ хохæй, быдырæй цæйбæрц дзыллæтæ сæнкъуысыдысты, уый бæрц адæм никуы федтон иу зианмæ æрцæугæ. Ныгæд æрцыд йæ фыд Петкайы фарсмæ уæлмæрды.

КЦОЙТЫ Астемыр, «Рæстдзинад»-ы
архивæй

 Интернетæй ист къам

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here