8 июнь – Социалон кусæджы бон

0
66

Арфæ

Социалон æххуысгæнæг къабазы кадджын кусджытæ!

РЦИ-Аланийы Парламенты депутатты æмæ мæхи номæй уын арфæ кæнын Социалон кусæджы боны фæдыл!

Уæ дæсныйад æхсæнады у æппæты ахадгæдæр æмæ хъæугæдæр, уæ алкæмæй дæр домы адæймагдзинады хуыздæр миниуджытæ: уды фæлмæндзинад, хæрзаудæн ахаст, зæрдæбындзинад. Комкоммæ уе уæхсчытыл æрæнцад, царды зындзинæдты сæрты йæ бон ахизын кæмæн нæу, уыцы инвалидтæ, иунæгæй цæрæг, рынчынтæ, сидзæр сывæллæттыл баузæлыны хæс.

Уæ къæрцхъус зæрдæ æмæ фæлмæн ныхас сын баххуыс кæнынц зындзинæдты сæрты ахизын, сæ ныфс фæфылдæр вæййы, райдайынц царды рæсугъддзинæдтæ уынын. Бузныг уын уæ фыдæбоны тыххæй, уый æнцон нæу, фæлæ æххæст у фæрныг ахастæй, зæрдæбындзинадæй, бæрнондзинадæй.

Уæлдай арфæтæ мæ фæнды ракæнын социалон къабазы ветерантæн, уыдон тæригъæд кæнынæн, зæрдæбын ахастæн, узæлдæн сæвæрдтой фидар бындуртæ. Кæстæр фæлтæр сæ фæзмынынц, цæуынц сæ фæндæгтыл.

Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, амонд, фæрныгад уæ алкæмæн, уæ бинонтæн!

 Тускъаты Таймураз,

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here