Цæгат Ирыстоны астæуккаг профессион ахуыргæнæндæтты 4 мин студентæй фылдæр æвдисæн фæлварæн дæттынц. Ацы фæлварæны фæрцы студенттæн ис сæ зонындзинæдтæй практикон уагæй спайда кæныны фадат.
Фæлварæн саразынæн нæ республикæйы чи кусы, уыцы 131 центры ифтонггонд сты æппæт техникон кусæнгæрзтæ æмæ хъæугæ æрмæджытæй. Куыстадон фæткмæ иттæг æввахс чи у, хæслæвæрдтæ æххæстгонд цæуынц ахæм уавæрты. Студенттæ сæ зонындзинæдтæ æвдисынц 24 дæсныйадмæ гæсгæ. Куыстдæтджытæ æмæ æмгуыстгæнæг кусæндæтты минæвæрттæ фæлварæнты архайынц хæдбар экспертты уагæй.
Фæлварæн ахæсдзæн декабры онг. Ныридæгæн æртæсæдæ студентæй фылдæр фæлварæн æнæкъуылымпыйæ раттой. Ахуыргæнæндæттæ кастфæуæвæг адæм сæ хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй кæй баххæст кæндзысты æмæ афтæмæй цæттæдзинады бæрзонд къæпхæн кæй равдисдзысты, ууыл зæрдæ дарæн ис.
РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ














