Уæ бон хорз, зынаргъ газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ. Стыр аргъ кæнæм уæ коллективы архайдæн ацы зын рæстæг. Адæмы фылдæр хай æвæрæз сты, газеты тираж уый аххосæй дæр ныллæгдæр кæны, фæлæ уый хыгъд уæ архайд хъомысджын у, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæт сымахæй дæр аразгæ у, æмæ уын бузныг.
Куыд зонæм, афтæмæй 21 июны уыдзæн медицинон кусæджы профессион бæрæгбон, уымæ гæсгæ нæ фæнды нæ уарзон газеты фæрстыл Æрхонкæйы рынчындоны кусджытæн арфæ ракæнын. Ацы медицинон уагдоны æппæт кусджытæ дæр сты раппæлыны аккаг, фæлæ нæ уæлдай арфæ ракæнын фæнды йæ сæйраг дохтыр, коллективы разамонæг Текъойты Мæхæмæты фырт Владимирæн.
Ацы уæздан, ирон æгъдауæй дзæвгар хайджын нæлгоймагæн дохтыры дæсны-йад Хуыцауæй лæвæрд у. Уый канд хостæй нæ дзæбæх кæны рынчынты, фæлæ ма йæ фæлмæн ныхасæй дæр. Цы дохтырты къорды сæргъы лæууы, уыдон дзы иууылдæр сты райгонд. Рынчындоны агъуысты æппæт хатæнтæ дæр сты æфснайд, райдзаст, афтæ – йæ кæрт дæр. Бæрæг у, ацы ахсджиаг фарстамæ стыр æргом здæхт кæй цæуы сæйраг дохтыры ‘рдыгæй.
Уæдæ куыд нæ у арфæйы аккаг терапевтон хайады сæргълæууæг Лариса Александры чызг Жук дæр. Уый рынчынтæн сæ низы хатт бæлвырд сбæрæг кæны, рафыссы сын, низы ныхмæ хъæддых чи фæлæудзæн, ахæм хъæугæ хостæ, цæмæй йæ къæхтыл тагъддæр слæууа, йæ уавæр фæхуыздæр уа. Лариса кæд дæсны дохтыр у, уæддæр иуда-дзыг йæ зонындзинæдтытыл æфтауы, уымæн æмæ хорз æмбары, медицинæйы бонæй-бонмæ дæр ногдзинæдтæ æмæ ивддзинæдтæ кæй фæзыны. Афтæмæй рынчынтæн йе ‘ххуысы ахадындзинад дæр бæрзонддæр кæны.
Зæрдиаг арфæ райсæнт не ‘хсæнады номæй, цы медицинон хотæ дзы кусы, уыдон дæр. Сты фæлмæн æмæ уæздан, сæ
дæсныйад дæр зонынц тынг хорз. Кæй зæгъын æй хъæуы, æфснайджытæй дæр бирæ аразгæ у рынчынты сдзæбæх кæныны хъуыддаджы, æмæ сæ размæ хæстæ бæрнонæй æххæст кæнынц.
Зæрдиаг арфæ кæнæм Æрхонкæйы рынчындоны коллективæн, æнæниз, æнæмаст æмæ амондджынæй цæрут сыгъдæг арвы бын, Хуыцаумæ цы бирæ хæрзтæ ис, уыдонæй хайджын ут!
ТОТРАТЫ Инал, УАТАТЫ Людмилæ,
барадхъахъхъæнæн æхсæнад «ДОН»-ы уæнгтæ














