Мысæн æмæ æрхæндæджы бон

0
16

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мысæн æмæ æрхæндæджы бон Дзæуджыхъæуы Мемориалон намысы цыртдзывæныл сæвæрдта дидинджытæ. Ацы æрхæндæг хъуыддаджы архайдтой паддзахадон хицаудзинады оргæнты, барадхъахъхъæнæг, тыхы структурæты минæвæрттæ, ветерантæ æмæ æхсæнадон организациты æрвыст адæймæгтæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы хъæбатырты нæмттæ æрымысыдысты æдзæмæй минут алæугæйæ. Уæрæсейы 22 июнь бæрæг кæнынц куыд Мысæн æмæ æрхæндæджы бон, уæд, 1941 азы фыдызнæгтæ æрбалæбурдтой не стыр бæстæмæ. Уый уыдис æппæты уæззаудæр хæст, йемæ ахаста милуангай адæймæгты цард.

 РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here