Рæзт æмæ кадртæ цæттæ кæныны институты программæ «Разамынд дæттыны скъола»-йы хъусджытæн скодтой кæронбæттæн аттестаци. Æхсызгонæй дзы байхъуыстой программæйы архайджытæн сæ дарддæры фæндаджы тыххæй ныхасмæ, сæ фæндæттæ, сæ фидæн куыд уынынц, уыдæттæм.
«Разамынд дæттыны скъола»-йы хъусджытæ рæгъмæ рахастой сæ куыстыты хатдзæгтæ, равдыстой нырыккон фæлварæнтæ банывыл кæныны профессионалон цæттæдзинад, дарддæры рæзтмæ рæвдз кæй сты, уый бæрæг дардта. Кæцыфæнды коллективæн дæр йæ куысты фæтк æвæры йæ разамонæг, уый разæнгард кæны ахуыргæнджыты, профессион æгъдауæй сæ рæзтмæ хоны, афтæмæй уыдæттæ фæахъаз вæййынц сабиты ахуырыл, хъомыладыл.
Ныртæккæ разамонджытæй домынц æрмæст нормативон бындуртæ зонын æмæ хъуыддæгтæ раст аразын нæ, фæлæ ахсджиаг у фидæн уынын, ивддзинæдтимæ кусын зонын, ахадгæ къорд аразын, бæрнон уынаффæтæ хæссын æмæ сын дзуапп дæттын. Ацы программæйы руаджы рабæрæг вæййынц размæцыд разамонджытæ, сæ хуыздæр æууæлтæ рæзынц, ахуырады æмвæзад бæрзонддæр исынц – æппæт уыдæттæ дзурæг сты хорз разамонæгыл.
Программæ чи сарæзта, чи йыл бацархайдта, уыдон разыйæ баззадысты, тырнындзинад, бæрнондзинад чи равздыста, уыцы хъусджытæй.
РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы
министрады пресс-службæ














