Парламенты Советы уæнгтæ, цæугæ æмбырдтæ аразыны ‘гъдау дарддæр æххæстгæнгæйæ, ацы хатт ацыдысты Кировы районмæ.
Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ, йæ разныхасы куыд загъта, афтæмæй Кировы район нымад у дæнцæгæн хæссинаг раззагдæр муниципалон скондыл, йæ хæстон æмæ фæллойадон æнтыстытæй хъуыстгонд чи у, ахæмыл.
Районы социалон-экономикон уавæримæ, ивгъуыд аз цавæр бæрæггæнæнтимæ ахицæн кодтой, стæй, ацы аз сæ размæ цы нысантæ æвæрд ис, уый фæдыл ныхас кодта районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег. Уый бæстон æрдзырдта, экономикæ, хъæууон хæдзарад, ахуырад, культурæ, спорт æмæ царды иннæ къабæзты дæр районæн цы бантыст, стæй сæм, цавæр лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдоныл.
Советы æмбырды фæстæ Тускъаты Таймураз фембæлд районы хъæууонхæдзарадон кусджытимæ. Æмбырды архайдтой: Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимур, Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Качараты Олег, стæй районы разамонджытæ – Нæкуысаты Барис æмæ Батиаты Хъазыбег. Район æнтыстджын кæй у, ууыл дзурæг сты бæрæггæнæнтæ дæр. Афтæ, ивгъуыд аз районы агропромышленнон комплексы иумæйаг продукт 3,9 миллиард сомæй фæфылдæр. Къабазы фæллой кæнынц 93 куыстуаты, зæхх хаццоны чи райста æмæ йыл чи кусы, 199 ахæм зæхкусæг æмæ 6,6 мин хи хæдзарады. Районы хус рæстæджытæ дзæвгар кæд ахæссынц æмæ æрдзы уавæрты аххосæй хоры культуртæ æмæ халсарты тыллæг кæд фæкъаддæр, уæддæр районы хъæууонхæдзарадон кусджытæн сæ архайд у æнтыстджын.
Фæззыгæндтæ цы фæзуатыл байтыдтой, ууыл бафтыд æртæ проценты, æмæ ныр сты 5 762 гектары. Фæфылдæр цæхæрадæтты фæзуат дæр æмæ ссис 1 531,2 гектары.
Фосдарынады къабазы кой куы кæнæм, уæд иуæй-иу куыстуæттæ финансон æгъдауæй зындзинæдтæ кæй æвзæрстой, уый аххосæй, стурвос æмæ фысты сæр нымæцæй фæкъаддæр сты. Фæлæ уæддæр бæрæггæнæнтæ сты зæрдæмæдзæугæ. Хъæууонхæдзарадон продуктты куыстад рауад ахæм: дзидза – 719,5 тонны, æхсыр – 1 316 тонны.
Балеркæсаг дарыны куыстады раззагдæртæ сты хъæууонхæдзарадон куыстадон кооператив «Тамерлан», æнæххæст бæрнондзинады æхсæнæдтæ «Остров Аквакультура» æмæ «Радужная форель». Ивгъуыд аз сæ бакуыст рауад кæсаджы 217,1 тонны. Æнтыстытæн сæ рахæцæн – паддзахадон æххуыс. Афтæ, субсидиты хуызы район ивгъуыд аз райста 127 милуан сомы, проект «Агростартап»-ы фæлгæты та – 12,5 милуан сомы гранттæ.
Йæ фæлтæрддзинадимæ æмбырды архайджыты базонгæ кодтой хъæууонхæдзарадон куыстадон кооператив «Де Густо»-йы сæрдар Дзиццойты Римæ æмæ, йе ‘нтыстытæй хъуыстгонд чи у, уыцы зæхкусæг-фермерон хæдзарады разамонæг, Змейкæйы спортивон скъолайы директор Бæдтиаты Алан.
Парламенты Сæрдар йе ‘ргом аздæхта хъæууонхæдзарадон къабазæн дæсны кусджытæ цæттæ кæныны фарстамæ, стæй наукæ æмæ практикон куыст кæрæдзимæ фæхæстæгдæр кæнын æмæ æрыгæтты ‘хсæн профориентацион куыст фæахадгæдæр кæныны хъуыддагмæ. Уый тыххæй та, йæ хъуыдымæ гæсгæ, æрыгæтты гыццылæй фæстæмæ хъæуы фæллойыл ахуыр кæнын. Ныхас цы фарстатыл цыд, уыдон алыг кæныны тыххæй уынаффæтæ бацæттæ кæнын Тускъаты Таймураз бабар кодта Парламенты профилон комитеты сæрдар Качараты Олегæн.
Кировы районы хъæууонхæдзарадон кусджытæ æмæ амалхъомтимæ фембæлды кæрон Тускъаты Таймураз РЦИ-Аланийы Парламенты Кады гæххæттæй схорзæхджын кодта Хъаныхъуаты Владимиры, бирæ азты дæргъы агропромышленнон къабазы æнæзæрдæхудт, æнтыстджын æмæ зæрдиаг фæллой кæй кæны, уый тыххæй.
Кировы районмæ йæ кусæг балцы рæстæг Тускъаты Таймураз, йемæ ма Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ æмæ Кировы районы центрон рынчындоны сæйраг дохтыр Айдарты Аслан, афтæмæй бабæрæг кодта районы поликлиникæ. 2023 азы уый цалцæггонд æрцыд национ проект «Æнæниздзинад хъахъхъæнынад»-ы фæлгæты фыццаградон медико-санитарон æххуыс рацаразыны нысанты. Кусæндон æххæст у нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Бынæттон цæрджыты диспансеризацийæн ацы ран арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр. Уый фæрцы низтæн ис, райдайæны ма куы вæййынц, уæд сæ раиртасыны гæнæн.
Парламенты Сæрдар бафиппайдта медицинон кусджыты дæсныдзинад æмæ аныхас кодта, «Хъæууон дохтыр», зæгъгæ, ацы программæйæ спайдагæнгæйæ, районмæ цæрын æмæ кусынмæ чи ‘рцыд, уыцы æрыгон дохтыримæ. Тускъаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, уый у ирд цæвиттон, æрыгон дохтыртæн æххуысы паддзахадон мадзæлттæ ахъаз кæй сты, уымæн.
Уыцы бон ма Парламенты Сæрдар бабæрæг кодта Елхоты рæвдауæндон. Уый у дыууæуæладзыгон нырыккон бæстыхай, сывæллæттæн дзы ис 120 бынаты. Рæвдауæндон арæзт æрцыд 2017 азы федералон программæйы фæрцы. Сывæллæтты рæзт æмæ хъомыладæн дзы ис æппæт нырыккон гæнæнтæ. Хъомылгæнджытæ стыр æргом здахынц сабитæн мадæлон æвзаг амонынмæ. Уыцы нысанимæ пайда кæнынц, Ахуыргæнджыты дæсныдзинад бæрзонддæр кæныны Цæгат Ирыстоны институт кæй бацæттæ кодта, уыцы раззагдæр ахуырадон мадзæлттæй. Ис сæм полилингвалон къордтæ.
Кировы районмæ йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз стыр аргъ скодта районы социалон-экономикон рæзтæн æмæ загъта:
– Нæ хæс у, экономикон бæрæггæнæнтæн аккаг аргъ скæнгæйæ æмæ бынæттон амалхъом адæймæгтимæ лæгæй-лæгмæ фембæлгæйæ, бакусын æххуысы ног мадзæлттыл. Уымæ гæсгæ хъæууонхæдзарадон кусджытимæ фембæлды рæстæг æрдзырдтам æххуысы уыцы ног гæнæнтыл, байхъуыстам сæ фæндæттæм, æмæ нæ ныхасы бындурыл æппæт уыцы хъæппæристæ хаст æрцæудзысты Кировы районы социалон-экономикон рæзты кæронбæттæны документмæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














