Къуыдары зæронд лæг

0
10

Табу йын уа нæ хохы Уастырджийæн! Мыртазаты ададжы куы рагуыбыр вæййы. – Цом, фæцæуон, фæзилон, – куы загъта, – рабæрæг кæнон, зæххыл цæрæг адæмтæй ма Хуыцауы ном бæрзонд чи дары, стæй ма уазæгæн дæр хæларзæрдæйæ «æгасцуай» чи зæгъы.

Йæ фыццаг фæндаг рамбæлди Дыгуры фыййæуттыл.

– Ей, уе ’зæр хорз уа, фыййæуттæ!

– Ей, хорз дæ хай уа, хорз уазæг!

– Ей, фысым мын цымæ ницы фæуиккат? Дæрдбæлццонæй æгæр бафæлмæцыдтæн мæхæдæг дæр, стæй мæ бæх дæр!

– Ау, æмæ нырма цавæр фысым æркæныны афон у? Нырма хур йæ был ныртæккæ куы сдардта. Уæртæ ма хæстæг хъæутæм дæр куы æрфысым кæнай… Уæд дын кусарт дæр хъæуы. Æмæ ам цал уазæджы цæуа, уал кусарты цын куы фæкæнæм, уæд ма нæ фосæй та нæхицæн цы баззайдзæн?

Уыцы бонæй фæстæмæ дыгурыл саухъусы ном баззад. Уырдыгæй Уастырджи йæ фæндаг ракодта Уæлладжыргомыл. Уæлладжыргом кæддæриддæр цæхх æмæ кæрдзынæй æгас Ирыстоны адæмты ‘хсæн дæр разæйдзæуæгыл нымад уыдысты, æмæ Уастырджи уыдоныл ахызт, арфæгондæй сæ ныууадзгæйæ.

Къасарайы уынгæгмæ куы бахæццæ, уæд Хохы дзуар Бурсамдзелимæ ныхъхъæр кодта:

– Ей, Бурсамдзели, дæ урс худы бын та цы ныффынæй дæ? Бафæлгæс-ма, Къасарамæ æрбахæццæ æнахуыр, æвæццæгæн, Хуыцауæй æрвыст уазæг. Уæртæ Цъæхилты Мыкалгабыр дæр йемæ æрбацæуы. Махæн дæр, æвæццæгæн, хæс у исты æгъдау равдисын!

– Ей, бæрзонд Хохы дзуар! Æз фынæй æппындæр ницы дæн. Æз æй хорз уынын. Йæ фæндаг – Зикъарайы æфцæгыл, йæ фысым та – уæртæ Къуыдары зæронд лæг.

Къуыдары зæронд лæг изæрæй йæ хæдзары раз уынджы дзоныгъхъустыл архайдта æд фæрæт, афтæмæй йæ уæлхъус æрбалæууыд æнахуыр уæзданарæзт барæг.

– Ей, де ’зæр хорз уа, зæронд лæг!

– Ей, хорз дæ хай уа, хорз уазæг!

– Ей, фысым нын ницы фæуиккат? Дæрдбæлццонæй æгæр бафæлладтæн мæхæдæг дæр, стæй мæ бæх дæр!

– Ау, æмæ уый та куыд? Уазæг Хуыцауы уазæг куы у!

Æмæ лæппутыл фæхъæр кодта, ома, тагъд ын йæ бæх айсут.

Уым уынджы «æгасцуайтæ» кодтой, стæй зæронд лæг дзоныгъхъусты æхсныфтæ йæ дæларм æрбахаста æмæ, йæ фæрæт – йæ къухы, афтæмæй уазæджы разæй фæрасти, дæ хорзæхæй, уæлæмæ рахиз, зæгъгæ. Уæлхæдзар æхсныфтæ æмæ фæрæт чызджытæм авæрдта æмæ сыл фæхъæр кодта, ома, бандæттæ уал нын æддæмæ радавут.

Уым рабадтысты, æмæ зæронд лæг фæрсынтæ байдыдта уазæджы, чи дæ, зæгъгæ, кæцæй, кæдæм цæуыс, цы хъуыддагæн æмæ æндæртæ.

Уазæг дæр ын лыстæгæй дзурынтæ райдыдта, суанг Терчы æмæ Турчы Тмутаракъаны а фæстаг рæстæджыты цыдæриддæр диссагæй æмæ нæуæг хабарæй æрцыд, уыдон се ’ппæт дæр.

Зæронд лæг дисы бафтыд, æмæ йæ зæрдæ гуырысхойы бахауд, ома, ай кусарты аккаг уазæг у, æмæ цы бакæнон: «Мæ тохъхъыл раргæвдон, уæд мæ сæгъ иунæгæй фæдзæгъæл уыдзæн, мæ сæгъ раргæвдон, уæд мæ тохъхъыл дæр фæдзæгъæл уыдзæн». Уæддæр нæртон хъæлæс фæхистæр ис, æмæ лæппутыл фæхъæр кодта, ома тохъхъыл раргæвдут. Уым йæ сыхæгты хистæртæм дæр фæдзурын кодта, мæнæ æнахуыр уазæджы цур сымах дæр абадут, зæгъгæ.

Йæ хорз æфсинмæ ма йæхимæ дæр æвæрд арахъхъ разынди, фæлæ, сыхæгтæ куы ’рбамбырд сты, уæд ма йæ иу сыхаг, хорз таучел усæй ис дурыны дзаг арахъхъ æфстау æрбадавта.

Афтæмæй æхсæвæрыл рабадтысты: æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны, суанг Тæтæры зæххытыл дæр цыдæриддæр дзуары хай уыд, уыдонæй иуы дæр æнæ æрымысгæ нæ фесты.

Фæстагмæ зæронд лæг, йæ арахъхъы сыкъа – йæ къухы, афтæмæй Уастырджийы зарæг ныццæлхъ кодта. Фынгыл бадджытæ йын суанг уазæджы онг зæрдиагæй бахъырныдтой. Стæй сыхæгтæ, фысым æмæ уазæгæн хæрзæхсæв зæгъгæйæ, цæуыныл фесты. Уырдыгыстджытæ дæр фæскъона хицæн фынгыл сæхи хорз ауыдтой æмæ федде сты.

Зæронд лæг чызджытыл фæхъæр кодта, ома, уазæджы æрынцайын кæнут. Чызджытæ йын артдзæсты хъæмпын лыстæн акодтой, бинаг нымæт ыл айтыдтой, йæ саргъ ын йæ нывæрзæн базæн авæрдтой, йæ къæхтæ йын æрыхсадтой, æмæ уыдон дæр дуарæй федде сты, ома, уазæг йæхи æруадза.

Зæронд лæг дæр фæсдуар хъæдын сынтæджы лыстæныл йæхи æруагъта.

Райсомæй куыддæр бон рæдзæ-мæдзæ байдыдта, афтæ зæронд лæг йæ фынæйæ фехъал фосы хъæрмæ. Фестади, йæ кæрц æрбакодта æмæ уæлхæдзармæ рауади. Кæсы, æмæ алырдыгæй уынгтæ бирæ-бирæ урс фосы дзугтæй байдзаг сты, æмæ йын йæ кæрты дуæрттæ мидæмæ сæттынц. Зæронд лæг дисы бафтыд, ома, адон, æвæццæгæн, Мтиуалыты фос фæдзæгъæл сты, æмæ сæм афоныл иу лæппуйы бæрæггæнæг фервитын хъæуы. Уæд йæ уазæг йæ цуры февзæрд æмæ йæм æрбадзырдта: «Дис ма кæн, зæронд лæг! Ды ма Хуыцауы ном бæрзонд кæй хæссыс æмæ ма уазæгæн дæр парахатæй «æгасцуай» кæй зæгъыс, уый тыххæй дын адон бæрзæндты бадæг Хуыцау лæварæн саккаг кодта. Æз дæн Уастырджи!»

Æмæ йæ цурæй фестъæлфыд.

Зæронд лæг дæр Хуыцауæн ныййарфæтæ кодта æмæ фосæй æрмæст сыхæгтæ нæ, фæлæ ма, суанг йæ алыварс зылды дæрддаг хъæуты дæр чидæриддæр мæгуыр къухыл нымад уыд, уыдонæн дæр хæйттæ бакодта. Афтæмæй ма зæронд лæг цы ацарди, уый – Хуыцауæн кувгæйæ, æмæ адæмы уарзонæй йæ бонтæ рухс зæрдæйæ фервыста.

Ручъы ПЛИТЫ Дзанаспи æмæ САБАЙТЫ-ДЗАДТИАТЫ Тедойы рауынаффæгонд. Ныммыхуыр æй кодта ПЛИТЫ Йогæ.
Лыстæг æм æркаст ДЗАДТИАТЫ Пъауле. ЦИГСИИ-йы архив

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here