Хетæджы Уастырджи

0
5

Сусæны мæй — июлы ирон адæмон бæрæгбæттæ райдайынц Хетæджы Уастырджийæ – фылдæр хатт вæййы июлы фыццаг хуыцаубоны. Уыцы бон ма сбæрæг кæнынц Дзири-дзуар æмæ Гæлиаты Авд дзуары бæрæгбæттæ.

Хетæджы Уастырджийы кувæндон ис Куырттаты комæй рахизæн дæлвæзы.  Йæ равзæрды фæдыл ис ахæм таурæгъ.

Раджы заман, XIV æнусы, нæ рагфыдæлтæ аланты Тимуры фыдгæндтæй йе ‘фсæдты æрдонгтæ бындзагъд ныккæнын куы сфæнд кодтой, уæд ма дзы къордтæ-къордтæ цæргæйæ баззад абоны Кæсæг, Хъæрæсе æмæ Хъубаны зæхх – сæ фыдæлты зæхх, Хъубаны цæугæдоны къабаз Стыр Зеленчукы был уыдонæй цард кънйаз Инал. Уыд ын æртæ фырты: Биаслан, Аслæнбег æмæ Хетæг. «Биаслан сси кæсæджы кънйæзтæн сæ мыггаджы фыдæл. Аслæнбег уыд æнæзæнæг», – афтæ фыссы Къоста йæ этнографион очерк «Особа»-йы.

Кæсæджы пысылмон дин куы стыхджын, Зеленчукы зылды алайнаг ирон чырыстон аргъуан та цаудмæ куы ‘рхаудта, бынтон куы сæдых, уæддæр Хетæг йæ ирон диныл йæ къух нæ систа. Уый тыххæй йæм суанг йæ бинонтæ дæр сфыдæх сты, сæхиуыл æй нал нымадтой. Уæд Хетæг йæ сæр райста Ирыстонмæ. Уый йе знæгтæ куы базыдтой, уæд æй, сæ дин сын кæй нæ райста, уый тыххæй йæ амарын сфæнд кодтой æмæ йæ фæсте расырдтой.

Хетæг æрбаирвæзт Æрджынарæгæй æмæ йæ ных сарæзта Куырттаты комы ‘рдæм. Фæлæ, абон Суададжы хъæу кæм ис, уырдæм хæстæг куы ‘рбахæццæ, уæд æй знæгтæ дæр æрбацæййæфтой. Уыцы рæстæг æм Суададжы сæрмæ хъæды фахсæй фехъуыст хъæр:

– Хетæг хъæдмæ!!! Хъæдмæ!

– Хетæг хъæдмæ нал бахæццæ уыдзæн, фæлæ хъæд – Хетæгмæ! – дзуапп ратта Хетæг йæ хæрзгæнæгæн.

Уыйадыл хъæдæмбæрзт хохы фахсæй хъæд тыгуырæй сыстад æмæ Хетæджы алыварс тымбылæй февзæрд, знæгтæй йæ бааууон кодта, бахъахъхъæдта. Уыдон фыртассæй фæстæмæ лидзæг фесты.

Афтæ, дам, равзæрд, Хетæджы къох, Хетæджы Уастырджийы кувæндон, Тымбылхъæды дзуар. Хъæд кæцæй сыстад, уыцы бынат фахсыл абон дæр у гæмæх.

Зæгъынц, къохы астæу, дам, уыд сатæг суадон. Хетæг фæлладæй йæ дойны кæмæй басаста, уый. Ам иудзæвгар фæци, стæй Куырттаты комыл ахызт Нармæ. Куырттатæгтæн радзырдта, дæлвæзы йæ Уастырджи знæгтæй куыд æмæ кæм фервæзын кодта, уый. Куырттатæгтæ йын сбæрæг кодтой йæ бынат æмæ Дзывгъисы Уастырджийы бæрæгбонмæ гæсгæ йæ бон. Уæд фæзынд Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон, æмæ йæ фыццагдæр йæ боны бæрæг кæнын райдыдтой куырттатæгтæ. Къох ныр сси Ирыстоны кувæндæтты сæйрагдæртæй иу.

«Кæддæр Уастырджи Хетæгæн цы ‘ххуыс бакодта, сымахæн дæр уыйау уæ хъахъхъæнæг куыд уа, уыцы амонд уæ уæд!» – ныр афтæ арæх фæкувынц ирон адæм
кæрæдзийæн.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ йæ бынмæ сылгоймаг нæ цыд, йæ ном ын ныр дæр нæ дзурынц. Тымбылхъæды дзуар æй уыдон хонынц. Сæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтæ-иу мидæмæ дзуарылæг сæ скува, сæ бинонты, сæ хæстонты, бæлццæтты, рынчыны йыл бафæдзæхса, уый тыххæй барвыстой нæлгоймæгтæй искæмæн, суанг къаннæг лæппутæн дæр. Хетæджы къохы бынмæ нæлгоймæгтæ ефс бæхтыл дæр нæ цыдысты.

Хæсты тызмæг азты хæстхъом нæлгоймæгтæ тохы быдыры цагъды куы кодтой, æмæ алчи йæ бæлццоны, мæлæтæй йын тæрсгæйæ, Хетæджы Уастырджийыл бафæдзæхсынмæ йæхи куы ивæзта, афтæмæй йын йе ‘ртæ æртæдзыхонæй йæ быны скувæг нæлгоймаг куы нал уыд, уæд ирон сылгоймаг ахызт ацы ‘гъдауы сæрты. Ныййарджытæ, устытæ, чызджытæ сæ хæстонты Тымбылхъæды кувæндоны Лæгты дзуарыл фæдзæхстой сæхæдæг:

Хетæджы къохы бæлæстæн ам æввахс хъæдты æмбал нæй – бæрзонд фæцыдысты, уæрæх ныззылдысты. Кæрз бæласы бæрзæнд дзы хæццæ кæны 40 метрмæ, йæ зæнг – 2 метрмæ. Иуæй, йæ ран хъæздыг у мæрæй, иннæмæй, кувæндон у, адæмы фарнæй – æвæджиау хайджын. Цард-цæрæнбонты йæ ирон адæм цæстыгагуыйау хъахъхъæдтой, къалиу расæттын, сыф рахæссын дæр дзы нæ фæтчы. Къохы алыварс ныллæг хъæдгæндтæ бирæ уыд. Уыдонæй, стæй стыр хъæдæй дæр æм сырд арæх æфтыд, æмæ уый амарын дæр не ‘мбæлд. Къохмæ хæстæг хъæды мард сырдæй та дзуары бын кодтой куывд, хæдзармæ хæссæн дзы нæ уыд. Къохæн йæ хуылфы, стæй, йæ хурныгуылæн фарс цы суадæттæ уыд, уыдоны сатæг донæй дæр Уастырджимæ кувгæ кодтой.

Хетæджы бынæй хæдзармæ сыфтæр дæр рахæссын кæй нæ фæтчы, куы рахæссай, уæд та дæ был, æфсæр, цæстытæ кæнæ, бæрзæй кæй ныззылын уыдзæн, суанг куырм дæр кæй бауыдзынæ, уый фæдыл бирæ хабæрттæ фехъусæн вæййы. Цы дыргътæ: кæрдотæ, æнгузтæ, æхсæртæ, æхсынцъытæ æмæ æндæртæ дзы ис, уыдонæй дæр хæрæн ис æрмæст уым, кæнæ рахæссæн къохы алыварс хæстæг быдыртæм.

Хетæджы Уастырджийы кувæндоны бынмæ ныры дуджы сæ кувинæгтимæ цæуынц Ирыстоны æппæт рæттæй дæр: Цæгатæй – Хуссармæ, Хурыскæсæнæй – Хурныгуылæнмæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæу: фæдзæхсынц ыл сæ кæстæрты, сæ бæлццæтты, сæ рынчынты, сæ арфæйаг хъуыддæгтæ, сæхи æмæ, куыд æргом зæд у, афтæ сын æргом æххуыс кæны.

Бирæ хорз  бæрæгбæттæ ис ирон адæммæ. Куыдхуыздæрæй сыл сæмбæлыныл фæархайынц. Уæлдай æхсызгондæрæй та æмбæлынц  æппæт ирон адæмæн иумæйаг  бæрæгбæттыл. Иумæйагдзинад ирон адæймагæн йæ удыхъæды ис. Йæ цæхх æмæ кæрдзын йæ сыхагимæ куы адих кæны, уæд  йæ фарсыл хуыздæр бахæцы, сусæг комдзаг йæ хъуыры нæ цæуы.

Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон дæр ахæм кадджын уымæн сси, æмæ ныл иудзинады ‘нкъарæнтæ ‘фтауы, кæрæдзийыл нæ йæ фарнæй бæтты. Ирон адæмæн иумæйаг сси, иумæ йæм кувынц, йæ ном ын æмхуызон нымдгæнгæ арынц. Уымæй ма йæ бонимæ баст у, иумæйаг сын чи у, уыцы иннæ кадджын æмæ цинæвдылд  бæрæгбон — Кæхцгæнæнтæ. Вæййынц Хетæджы Уастырджийы бæрæгбоны хæдфæстæ – хуыцаубоны.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here