Æнахъомты сæрдыгон куысты пайдатæ хыгъд нæ цæуынц

0
2

Республикæйы Социалон фонды хайадæй паддзахадон æххуыс цы бинонтæн цæуа, уыдоны æнахъом сывæллæттæ сæрдыгон куыстыты куы архайой, уæд уый бинонты паддзахадон æххуысы бæрц фæкъаддæр кæныныл нæ зыны. Афтæ, иугонд æххуысмæ курдиат фысгæйæ, бинонтæй алкæмæ дæр цы пайдатæ хауы, уыдонимæ нымад нæ цæуынц, скъоладзаутæ æмæ студенттæй 18 азы онг мызд чи иса, уыдоны пайдатæ. Скъоладзаутæ æмæ студенттæй йæ дарæг кæмæн нал ис, кæнæ инвалид кæй у, уый тыххæй пенси чи иса, уыдонæн рæстæгмæ куысты æмгъуыды сæ федералон социалон фиддæнтæ цæуынц хъахъхъæд.

«Скъоладзаутæ æмæ студенттæ сæрдыгон куыстыты официалон æгъдауæй куы архайой, уæд уыцы рæстæг нымад цæуы фæллойадон стажыл, организаци цы фиддæнтæ фида, уыдонæй та арæзт цæуынц фыццаг индивидуалон пенсион коэффициенттæ. Ахсджиаг у, цæмæй куысты архайд арæзт æрцæуа официалон хуызы: хъуамæ арæзт æрцæуой фæллойадон бадзырд, электронон фæллойадон чиныг æмæ фыст цæуой фæдзæхстадон фиддæнтæ», – бамбарын кодта Уæрæсейы Социалон фонды РЦИ-Аланийы хайады разамонæг Милдзыхты Аслан. Иугонд æххуыс нысангæнгæйæ, æнахъомты мызд хыгъд нæ цæуы, кæд уый уыцы рæстæг скъола, астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндон, кæнæ уæлдæр скъолайы æхсæз мæйæ къаддæр боныгон нæ ахуыр кодта, уæд. Æххуысы курдиат бадæтгæйæ, паддзахадон лæггæдты порталы ууылты хъæуы фæбæрæг кæнын, сывæллон боныгон кæй ахуыр кæны, стæй уый тыххæй хæстæгдæр клиентон службæмæ уый тыххæй гæххæтт бахæссын.

Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы Социалон фонд федералон социалон фиддæнтæ уæддæр фиддзæн, кæд æнæдарæгæй баззайын кæнæ инвалиды тыххæй пенсиисæг куыстмæ бацыд цæрджытæн куысты бынæттæ дæттæг службæйы æрвыстмæ гæсгæ, кæнæ архайы студентон къорды куысты, уæд. Уыцы хъуыддагмæ хауынц боныгон ахуыргæнæг сывæллæттæ 18 азы онг æмæ студенттæ 23 азы онг. Кæд кусынмæ бацыд цæрджытæн куыстдæттæг службæйы æххуысæй, уæд уый тыххæй Социалон фонды хайадмæ информаци бацæуы æвæстиатæй, фæлæ, студентон къорды чи архайа, уый фонды клиентон службæмæ бахæссын хъæуы гæххæтт, ахуыр кæй кæны æмæ студентон къорды цас рæстæгмæ архайдзæн, уый тыххæй. Æндæр уавæрты ахуырдзаутæ официалон хуызы куыстмæ куы бацæуой, уæд куысты рæстæг федералон социалон фиддæн урæд æрцæуы, сæрдыгон куыстытæ куы ахицæн вæййынц, уæд та социалон фиддæнтæ сног вæййынц æвæстиатæй, сæ куысты рæстæг та хаст æрцæуы фæдзæхстадон стажмæ æмæ дзы арæзт æрцæуы фыццаг пенсион коэффициенттæ.

Кæд ма искæмæ фарстытæ сæвзæрд, уæд сын дзуаппытæ райсын уæ бон у Уæрæсейы Социалон фонды иугонд контакт-центры: 8-800-100-00-01 (бадзурæн ис лæвар,
Уæрæсейы Социалон фонды Цæгат Ирыстоны хайад кусы: къуырисæрæй цыппæрæммæ 9.00-18.00, майрæмбоны 9.00-16.45).

УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here