– Уынын, ирон æвзаг цы уавæры ис, уый. Ирыстон мæ Райгуырæн бæстæ у, ирон культурæйыл схъомыл дæн, æгъдау цы у, уый зонын, æмæ мæ цард дæр ирон æгъдаумæ гæсгæ аразын, – зæгъы Станислав Баширин. Æмæ уыцы хъуыды канд йæ ныхæсты нæй, æххæст сæ кæны хъуыддагæй дæр. Суинаг æрыгон дохтыр бавдæлд æмæ бакуыста «Осетинские филворды» хъазтыл.
Уымæй Елхотæй рацæугæ лæппу йе ‘вæрæн бахаста ирон æвзаджы рæзтмæ. Филвордтæ хынцгæйæ, адæймагæн фадат ис канд хъазынæн нæ, фæлæ ма уыцы рæстæг, кæмфæнды куы уа, уæддæр ирон æвзагыл æвæлмæстæй дзырдтæ иронау бахъуыды кæнын, хъазты та сæ нымæц хæццæ кæны 2000 онг. Уымæй уæлдай, хорз фæрæз у мадæлон æвзаг хуыздæр базонынæн.
– Цавæрдæр цымыдисаг графикон æмæ мультипликацион персонажтæ скæнгæйæ, ирд æнкъарæнтæ йæм бахæсгæйæ, адæймаг хуыздæр бахъуыды кæны ахуыргæнæн æрмæг. Академион наукæ «хус» у, сæ фæрцы та æрмæг æнцондæр æмбарæн у. Йе руаджы зонындзинæдтæ фылдæр ис райсæн, – зæгъы Станислав. Йæ фыццаг проект царды рацыд, Цæгат Ирыстоны Медицинон академийы ма куы ахуыр кодта, уæд. Фыццаградон аккредитацимæ цæттæ кæнгæйæ, рауагъдонтæн стыр æххуыс у проект «Симулятор станции аккредитации». Йæ дыккаг проект уыдысты медицинон филвордтæ, æртыккаг — ирон филвордтæ. Рауагъдмæ цæттæ кæны проект «Медицинский случай».
– Ирон филвордты хъазты нысан у, мæ бон цы у, уымæй, ирон æвзаг цæмæй ма фесæфа, ууыл бакусын. Æвзаг сахуыр кæнынмæ чи тырны, науæд æй æвзæр чи зоны, уыдонæн æххуыс уыдзæн ацы проект. Арæх мæ бафæрсынц, уырыссаг уæвгæйæ, мæ ныфс куыд бахастон ирон проект саразынмæ. Мæ фыд Алыксандр Саратовæй уыд, фондзаздзыдæй сидзæрæй баззад, æмæ йæ сластой Ирыстонмæ, Елхотмæ йæ фыдыхомæ, хъомыл дæр æй уый скодта. Хорз дзырдта иронау, хъыгагæн, мæ алыварс цы адæм уыд, уыдонæй мадæлон æвзагыл бирæтæ нæ дзырдтой, кæд ирæттæ уыдысты, уæддæр, æмæ йæ мæ фыды хуызæн хорз нæ базыдтон. Æмбарын, фæлæ йыл дзурын æфсæрмы кæнын, къуыхцытимæ мын фæуайы… Хъæзтытæ арæзтон Абайты Васойы дзырдуатмæ гæсгæ, æмæ мæм афтæ кæсы, ирон æвзаг ахуыр кæнгæйæ, адæмæн уый стыр æххуыс кæй уыдзæн, – ныфс ис хъазт саразæджы.
Станислав йæ гыццылæй фæстæмæ зæрдæргъæвд уыд. Саби ма уыд, афтæмæй бинонтæ алыгъдысты Кæрдзынмæ. Алцыдæр æй фæндыд базонын. Цымыдис кæй уыд, уый фæрцы физикæ æмæ математикæйæ ерысты ахста фыццаг бынæттæ, йæ хъус дардта историмæ. Каст фæцис Елхоты аивæдты скъолайы нывкæнынады кълас, хорз арæхст ныв кæнынмæ. Фæстæдæр ын уый стыр ахъаз фæцис, проекттæ аразыныл куы райдыдта архайын, уæд. Йæ хъус дары аивадон уацмыстæ фыссынмæ дæр, ныридæгæн уал рухс федта йæ наукон-фантастикон роман «Корью переболел».
Æрыгон дохтыр ныртæккæ кусы æртæ ног проектыл, уыимæ, архайы ирон филвордты программæ хуыздæр кæныныл, хæссы йæм ногдзинæдтæ æмæ уæлæфтуантæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














