Ирон киноаивады дæсны

0
50

(Бырнацты Измаилы райгуырды 85 азы бонмæ)

Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг, Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг Бырнацты Измаил ирон киноаивадмæ стыр æвæрæн бахаста, куыд кинорежиссер, сценарист æмæ, ирон культурæ адæмы рæгъы рæсугъдæй чи хаста, уыцы интеллигент. Киноаивадмæ уарзондзинад хæссы, йæхи æмбарынхъом куы фæцис, уæдæй абонмæ.

Йæ раздæры ‘мкусджытæ, хæстæг лæуд æм чи у, уыдон æй Нарикæй зонынц. Цæгат Ирыстоны паддзахадон радио æмæ телеуынынады цур ног сарæзт студийы Себетты Аланимæ систой, ирон аивадон кинонывты хæзнадонмæ чи бацыд, уыдоны фылдæр хай. Уыцы куыстмæ бæллыд йæ сабибонтæй, йе ‘мбæлттимæ иу киноныв дæр нæ уагътой æнæ бакæсгæ хæстæгдæр кинотеатр «Гигант»-ы. Фæстæдæр, горæты 5-æм скъола каст куы фæцис, уæд æй йæ фæндаг акодта уыцы студимæ, куыста звукооператоры ассистентæй. Зæрдæргъæвд уыд. Бафиппайдтой йæ æмæ сæ Бзарты Бердимæ ВГИК-мæ ахуыр кæнынмæ арвыстой. Уыцы рæстæг комитеты сæргъы лæууыд Æгъуызарты Æхсарбег, студийы директор та уыд Дзæгъиаты Георги. Цыбыр рæстæгмæ сын бантыст ирон киноаивад бæрзонд æмвæзадмæ сисын. Йæ фыццаг киноныв «Сюрприз» уыд, ничи ма сæ зыдта, фæлæ, прокаты куы рацыд, уæд сæм райдыдтой дзурын, газеттæ æмæ журналты фæзындысты æппæлæн æрмæджытæ. Газет «Советон экран»-ы уацхæссæг Файнберг цымыдис æрмæг ныммыхуыр кодта ирон кино æмæ Бырнацы-фырты фыццаг цыбырметражон комедийыл:

– Иууылдæр ныл дис кодтой, цас хъару нæм ис уыйас кусынæн. Советон Цæдисы алы кæрæттæй нæм фыстой, центрон телеуынынад алкæцы киноныв не ‘рвыста фæсарæнтæм. Уырдыгæй дæр нæм бузныджы ныхæстимæ арæх дзырдтой. Уыцы фæлварæн кæй раттам, уый нæ разæнгард кодта, уыдыстæм ныфсджындæр, нæ тыхыл нын тых æфтыдта. Уырныдта нæ, ахæм разамонæгимæ уымæй бæрзонддæр æмвæзадмæ схизæн кæй ис. Хъыгагæн, нæ фæндтæ ныппырх сты, – се сфæлдыстады тыххæй кинойы критиктæ алыхуызон газетты цы æрмæджытæ фыстой, уыдон йæ къухы, афтæмæй зæгъы Измаил. Æгъуызарты Æхсарбеджы йæ бынатæй куы систой, уæд йæ ныфс амард, уæдæ, зæгъы, кæд ахæм адæймаджы аиуварс кодтой, уæд… Æмæ йын цас бантыст цыбыр рæстæгмæ саразын!..

Йæ руаджы абоны фæлтæр цымыдисæй кæсы Цæгат Ирыстоны телевизион студийы ист аивадон кинонывтæм. Уыдонимæ, Бырнацты Измаил удуæлдайæ кæуыл бафыдæбон кодта, уыцы кинонывтæ «Сюрприз», «Все сначала», «Семейная драма», «Сбереги башню», «Горская новелла», «Чегери», «Буйный Терек», «Крутизна», «Диалог», «Дезертир», «Волшебная папаха», «Тайна бронзовой головы», «И оглянулся путник».

– Канд хорз ахуырад æм нæй. Хорз зыдта æмæ уыдта, киноисгæйæ кæй хъуыд райсын, уый. Актертæ бирæ уарзтой Измаилимæ кусын, уæлдайдæр хистæр кары актертæ – Годжыцаты Исахъ, Сланты Къоста, Саламты Къола. Бамбарын-иу кодта, цы йæ фæнды, уый, уыдон дæр æххæст кодтой, сæ размæ сын цы хæс сæвæрдта, уый. Режиссерæн ис бар сценаримæ ногдзинæдтæ хæссын. Киноныв «Семейная драма»-йы, бирæуæладзыгон хæдзары балкъоны бынмæ серенадæ заргæйæ сыл нывгæнæг-æвæрæг Баситы Тотыр ахорæны ведра куы равдæлон кодта, уыцы ныв дæр Гутнаты Валодяйы сценаримæ Нарик бахаста. Уæвгæ йын ахæм æрхъуыдыгонд «бахастытæ» уыд алы кинонывы дæр, – зæгъы, кинонывты æрмæджы хъайтары йæ фарсмæ ассистентæй чи уыд, уыцы курдиатджын Зыгъуытаты Ларисæ.

– «Волшебная папаха» уыд мæ фыццаг куыст, куыд рухсгæнæг. Иу хъæр ныхас никæд схауд Нарикæй, куы-иу стыхст, уæддæр, цæй, иу хатт ма йæ сисæм, зæгъгæ дзы адæймаг æндæр ныхас нæ фехъуыстаид. Ацы кинонывы сценæ исгæйæ, Тлаттаты Темыр хъуамæ хъæды лыггаджы сæрты акъахдзæф кодтаид. Асæй рæз нæ рахаста, æмæ йын нæ уад йæ сæрты æнæкъуыхцыйæ ахизын. Нарик – бæрзонд лæг, æмæ та-иу ын афтæ, «кæс-ма, мæнæ афтæ ахиз», зæгъгæ та-иу ын равдыста, куыд бакæна, уый. Фæрсырдыгæй кæсгæйæ, гуыбындихтæ кодтам, – киноисæн фæзы цы хъæлдзæг хабæрттæ цыд, уыдоны тыххæй нын радзырдта ПТРК «Алани»-йы оператор Гайты Хетæг. Режиссер, бирæ адæм кæм истой, уырдæм хуыдта бынæттон цæрджыты æмæ киноисæн къорды уæнгты. Хетæг дæр дзы бахауд, аргъау исгæйæ. Бæхыл бадгæйæ, хъуамæ кадры разындаид. Æцæг ромаг легионер, зæгъгæ, уыд йæ ныхас кинонывы режиссерæн. Йæ ист кинотæм лæмбынæг кæсæг дзы уысмы бæрц фендзæн Зыгъуытаты Ларисæ æмæ Баситы Тотыры дæр.

– «Волшебная папаха»-йы лæгæты сценæ куы истой, уæд дзы мах дæр, Дзывгъисы сывæллæттæ, бахаудыстæм. Хъуыды ма кæнут, фыс кæм физонæг кодтой, уыцы ныв? Уый сын нæ сыхаг Хъыргъаты Тотыр балæвар кодта. Бирæ кинонывтæ систа Куырттаты комы хъæуты Нарик. Дзывгъис, Цымыти, Лæц – абон дæр ма сæ æрымысынц хохæгтæ. Зоныс, кинонывтæ цы лæгæты систой, уый Дзывгъисы фидары кæй ис, Лæцы Дулаты хæдзары та систой, Годжыцаты Исахъ ахæстоны кæм бадт, уыцы ныв, – хабæрттимæ нæ зонгæ кæны, киноныв исгæйæ дзы чи архайдта, уыцы лæппу, ныр – Дзывгъисы кувæндонæн лæггадгæнæг лæг Елхъанаты Хъазыбег.

– «Буйный Терек»-ы чи хъаздзæн, уыцы актертæ бæрæг уыдысты, æрмæст Солтанбеджы рольмæ никæй уыд нæ бон ссарын. Ирон театрмæ бахизгæйæ кæсын, æмæ лæууы бæрзонд, саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæппу. Уый уыд Хуыгаты Сурен, байстон æм мæхи æмæ йæм дзурын, кинонывы ахъазын дæ нæ фæнды, зæгъгæ. Разыйы дзуапп дзы куы фехъуыстон, уæд ын рæстæг æмæ бон сæмгъуыд кодтон, æрбацу, æмæ афæлвар, зæгъгæ. Кинокомплексмæ раздæхгæйæ, Нарикæн бамбарын кодтон, Солтанбеджы рольмæ кæй ссардтон актеры. Ме ‘нæзонгæ дæ, зæгъгæ, бахудт. Дыккаг бон Сурен таксийæ куы рахызт, уæд цыппæрæм уæладзыджы рудзгуытыл иууылдæр баныхæстыстæм – кæрты Солтанбег кæй æрбацæйцыд, уый гуырысхойаг нал уыд, – йæ мысинæгтæ дзуры Зыгъуытаты Ларисæ. Ацы аивадон лентæ Æгъуызарты Æхсарбеджы царды уыд сæйраг киноныв. Ирон студимæ хуыздæр специалистты хуыдта кусынмæ, Владимир Мотыльимæ йыл Бырнацты Измаил кæрæй-кæронмæ бакуыста режиссер-æвæрæгæй. «Цы диссаджы специалисттæ нæм уыд!» – дисы бацæуы абон дæр режиссер. Центрон телеуынынады программæ æвдисгæйæ ма йæм бафтыдта, зæгъгæ, стæм къуыри уыд, сæ киноныв сын кæд нæ равдыстой.

– Арæх нæ-иу фарстой, иннæ рæттæй цæмæн хонут актерты, Ирыстоны нæхи актертæ нæй, зæгъгæ. Политикæ ахæм уыд, Ирыстоны киноаивад æрбамбырд кодта Цæгат Кавказы æппæт сфæлдыстадон тыхтæ, уыцы республикæты хуыздæр актерты дзы истой. Уый уыд нациты иугæнæг цæг, нывæст цыдысты хæлардзинады тæгтæ. Ницавæр революци хъуыд, æрмæст кинематографийы бон дæр уыд уыцы хъуыддаг æххæст кæнын. Æрæджы Нарикимæ уынджы тезгъо кодтам, æмæ нæм хæрзаив чызг æрбахæстæг: «Измаил Петры фырт, нал мæ хъуыды кæныс? Фенын дæ, фæлæ дæм æфсæрмы кæнын бацæуын. «Семейная драма»-йы гыццыл чызджы ролы æз хъазыдтæн. Се ‘ппæты дæр æрæмбырд кæндзынæн æз æмæ дзы раныхас кæндзынæ?»

– Алырдæмты ныппырх сты, кинойы чи ахъазыд, уыдон. Бирæтæ ахицæн сты ацы рухс дунейæ, – зæгъы, йæ мойæн авгау æрхауынæй чи тæрсы, уыцы Нинæ.

Уæлладжыр, Дыгургом, Куырттаты ком – ацы диссаджы бынæтты ист сты йæ кинонывты фылдæр хай Бырнацты Измаилæн.

– Курдиатджын æмæ уазæгуарзон, цæстуарзон адæм дзы цæры. Æцæг патриоттæ сты, цас дзæбæх адæмтæ дзы цард… Фæнды мæ, иумæ сæмбырд кæн, кæимæ куыстон, уыдоны. Хъыгагæн, уый рæстæг æмæ фадæттæ нæ амонынц. Фæнды мæ Куырттаты комы бацæуæны фæйнæг сæвæрын æмæ йыл ныффыссын: «Ирыстоны кинематографисттæ бузныг зæгъынц комы цæрджытæн, се ‘ххуысы хай сæм кæй бахастой, уый тыххæй». 13 июлы бирæ арфæтæ ‘рбацыд Измаилæн йæхи номыл дæр йæ юбилейы фæдыл. Нæ йæ рох кæнынц, кæимæ куыста, уыдон. Сæйрагдæр та, йæ ист кинонывтыл чи схъомыл, чи хъомыл кæны æмæ сæм фидæны дæр цымыдисæй чи кæсдзæн, уыцы фæлтæртæ.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here