Мæскуыйы спортивон галуан «ВТБ-Арена»-йы 11 июлы арæзт æрцыд профессион боксы стыр изæр.
Боксы изæры цы дæс тохы цыди, уыдонæй æртæйы хæцыдысты ирыстойнаг тренерты хъомылгæнинæгтæ: Дзукъаты Давид, Артем Сусленков æмæ, Ирыстоны спортуарзджытæ сæ сæртæ бæрзонд кæмæй хæссынц, нæ уыцы спорты зындгонд хъайтар Гасситы Мурат – «Ирон».
Боксы изæры сæйраг тохыл нымад уыд профессион боксы WBA-йы уæззау уæзы дунейы регулярон чемпион Гасситы Мурат æмæ гермайнаг боксер Питер Кадируйы фембæлд. Уыцы тох хъуамæ цыдаид 12 раунды, æмæ фæуæлахизуæвæгæн лæвæрд цыд дунеон чемпионы рон æмæ ном.
Боксы изæр рауад цымыдисаг. Алы тохтæ дæр цыдысты хъазуатон ныхмæлæудæй. Раппæлинаг сты, Ирыстоны номæй рингмæ чи рацыд, уыцы æртæ сæрæн лæджы.
90 кг онг уæзы æнтыстджын рауад Дзукъаты Давиды архайд. Йæ ныхмæлæууæг уыди Уæрæсе æмæ Европæйы чемпион, уæрæсейаг боксер Алексей Егоров. Дыууæ ныхмæлæууæджы дæр равдыстой бæрзонд техникон цæттæдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад.
Се ‘хсæзраундон тохы тæрхонгæнджытæ æмхъæлæсæй уæлахиздзауыл банымадтой Дзукъаты Давиды. Æнæмæнг, тренертæ Балиты Владимир, Сланты Витали æмæ Владимирæн сæ хъомылгæнинаджы уæлахиз у хорз лæвар. Хуыцау зæгъæд, æмæ Давид ноджы стырдæр уæлахизтæй куыд барухс кæнæ йæ уарзон тренерты зæрдæтæ!
Æппæты уæззаудæр уæзы цы дыууæ тохы уыди, уыдоны раппæлинаг рауадысты, Сланты Витали æмæ Чехойты Алан кæй бацæттæ кодтой ерыстæм, уыцы уæззаууæзон боксертæ Артем Сусленков æмæ Гасситы Мурат.
Артем Сусленковы ныхмæлæууæг уыди великобританиаг фæлтæрдджын уæззаууæзон боксер Джо Джойс. Джо йе уæнгты кондæй Артемæй уыд зынгæ уæйыгдæр арæзт. Джо Джойс, Великобританийы номæй хæцгæйæ, уыд Олимпиаг хъæзтыты 2-аг бынат бацахсæг.
Артем Сусленков, ахæм ныхмæлæууæгимæ хæцгæйæ, равдыста стыр уæлахизмæ тырнындзинад. Сæ тох хъуамæ цыдаид 12 раунды, æмæ дыууæ ныхмæлæууæджы дæр суанг 11-æм раундмæ кæрæдзийæн сæттын нæ куымдтой. Тохæн райдайæнæй кæронмæ размæ цæуыныл фылдæр архайдта Артем, æмæ уымæн æппынфæстаг 11-æм раунды бантыст Джойсы нокдаунмæ арвитын дыууæ хатты, æмæ ууыл сæ тох ахицæн Сусленковы пайдайæн.
Артем у раппæлыны аккаг, ахæм ныхмæлæууæгыл кæй фæуæлахиз, уый тыххæй. «ВТБ-Арена»-мæ ‘рбацæуæг спортуарзджытæ уæлдай цымыдисагдæрæй æнхъæлмæ кастысты боксы изæры сæйраг тохмæ, кæцыйы йæ дунеон чемпионы ном хъахъхъæдта Гасситы Мурат. Йæ ныхмæлæууæг уыд гермайнаг фæлтæрдджын, фидар уæнгты конд кæмæн ис, уыцы боксер Питер Кадиру.
Сæ тох хъуамæ цыдаид 12 раунды. Дыууæ ныхмæлæууæджы 1-аг раунды сæ кæрæдзийы кодтой сгарæгау. Питер Кадиру зыдта, Мурат тыхджын цæфтæ йæ дыууæ къухæй дæр кæй кæны, уый, æмæ архайдта йæ даргъ къухты фæрцы йæ ныхмæлæууæджы хæстæгмæ ма уадзыныл. Фыццаг дыууæ раунды йын уый иуцасдæр бантыст, фæлæ, Мурат йæ размæцыд фидарæй фидардæр кæй кодта, уый Питеры уавæр кодта тæссагдæр. Мураты уæззау цæфтæ арæхæй-арæхдæр бынатыл æмбæлдысты, æмæ 6-æм раунды Питер Кадиру нал бафæрæзта дарддæр хæцын. Тох урæд æрцыд, æмæ Мурат фæуæлахиз техникон нокаутæй. Уый уыд Мураты 27-æм нокаут профессион боксæй хæцгæйæ. Мурат ам æдæппæтæй цы 36 тохы акодта,
уыдоны фæуæлахиз 34 хатты. Йæ уæлахизтæй 27 уыдысты нокауттæй.
Ацы уæлахиз Муратыл ныффидар кодта дунеон боксы WBA-йы чемпионы ном.
Мурат – «Ирон»-ы иузæрдион фарсхæцджыты уырны, ацы уæлахизы фæстæ ма Гассийы-фырты къорд хатты кæй
фендзысты дунеон ерысты уæлахиздзауæй!












