Артаджы уавæр

0
38

Артаджы кадавардзинады фарста боны фæткæй нæ хизы. Транспорты хицæуттæ æмхуызонæй æвзарынц зындзинæдтæ. Республикæйы разамынд мадзæлттæ аразы, цæмæй артаг æвгæнæн станцæты адæмы рады дзæвгар лæууын ма хъæуа.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло «Роспотребнадзор»-ы регионалон управленийæн бахæс кодта, цæмæй артаджы хæрзхъæддзинадмæ æппынæдзух сæ хъус дарой.  Ома, кæмдæр сæ бон у Аи-95 бензины бæсты Аи-92 уæй кæнын. Ахæм цаутæ æруадзæн нæй. Уымæй дарддæр республикæйы Сæргълæууæг цæстдарæг оргæнтæм фæсидт, цæмæй карзæй кæсой артаджы базарадмæ, уавæр бынтон къуырцдзæвæнмæ уадзæн нæй.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, базарады артаджы уавæр вазыгджын  у, фæлæ йæ иннæ регионтимæ куы абарай, уæд æй Цæгат Ирыстоны сабыр схондзынæ. Куыд ма бафтыдта, афтæмæй фæлладуадзæн бонты ныхас кодта стырдæр хызон компанитимæ, цæмæй бензин артаг æвгæнæн хицæн станцæтæн уæй кæной. Уый руаджы станцæты рады лæуджыты нымæц фæкъаддæр уаид.

Республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады специалисттæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй æнхъæлмæ кæсын бахъæуы сахаты æрдæг кæнæ сахат. Уыдон ма фæбæрæг кодтой, фараст станцæйы артаджы аргъ кæй фæфылдæр, уый дæр. Уыцы хабæрттæ барвыстой Монополиты ныхмæ управленимæ.

Нефты базæтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм фæстауæрц ис артаджы 3,6 мин тоннæйы бензин æмæ 2,4 мин тоннæйы дизелы артаг. Ивгъуыд къуырийы куыд райхъуыст, афтæмæй хъавынц, цæмæй артаг станцæты дæттой паддзахадон номыртæм гæсгæ, ома, номырты къай-æнæкъаймæ гæсгæ.

Фæлæ уыцы фæндонимæ не сразы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, ома,  æппæт транспортыл ахæм фæтк куыд фæзындзæн, уый бæрæг нæу. Фарстамæ лæмбынæг сæ цæст дарынц дзуапдæттæг ведомствæтæ.

 Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here