Сæрмагонд цæстдард  

0
45

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæвары аппараты контролон департаменты хицау Сергей Никитин цы æмбырд сарæзтой, уым ныхас цыдис, республикæйы хицаудзинады оргæнтæ паддзахады Президенты фæдзæхстытæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй.

Æмбырды ма архайдтой РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров æмæ дзуапдæттæг министрадты разамонджытæ.

Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй регион фарон сæххæст кодта национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты мадзæлттæ. Ацы аз куыст дарддæр цæуы.

– Цæгат Ирыстоны активонæй рæзы экономикæйы алы къабаз дæр. Сæрмагонд цæстдард цæуы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæлгæты арæзт нысантæм. Фарон сæ сæххæст кæнынæн уагъд æрцыд 11,5 миллиард сомы, ацы аз та – 11,8 миллиард сомы. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло уыцы куыстмæ стыр æргом здахы. Зæрдиаг арфæ кæнæм Æххæстбарджын минæварады командæйæн Юрий Чайкайы разамындæй, нæ регионы цæрджытæн æнцонвадат уавæртæ аразынимæ баст социалон ахадындзинады фарстатæ лыг кæнынмæ нын кæй æххуыс кæны, уый тыххæй, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.

Сæрмагондæй фембæлды архайджытæ æркастысты, национ проект «Дæргъвæтин æмæ активон цард»-ы федералон проект «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады райдиан цæджы рацарæзт» куыд æххæстгонд цæуы, уымæ. Ацы азы пълан куыд æххæстгонд цæуы æмæ объекттыл куыстыты  тыххæй лæмбынæг радзырдта РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан.

Афтæ, фароны бæрæггæнæнтæм гæсгæ Дзæуджыхъæуы 4-æм поликлиникæйы бындуронæй цалцæггонд æрцыд, республикæйы рынчындæттæ ифтонггонд æрцыдысты нырыккон медицинон кусæнгæрзтæй. Ацы аз 400 милуан сомæй фылдæр фæрæзтæ уагъд кæй æрцыд, уый руаджы арæзт æрцæудзæн 8 модулон амбулаторийы æмæ фелсырон пункттæ хъæуты, бындуронæй сцалцæг кæндзысты 3 медицинон куыстуаты, балхæндзысты ифтонггæрзтæ æмæ транспорт æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйæн.

Регионы рæзты иннæ ахсджиаг къабаз – туризмы инфраструктурæйы рацарæзт. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй республикæйы субсидиты фæлгæты æххæстгонд æрцæудзысты къорд проекты модулон æнæкапиталон фæрæзты руаджы.

– Нæ регионы туризмæн ис бирæ гæнæнтæ, туристты гуылфæн иудадзыг рæзы. Мах хъазуатонæй архайæм къабазæн æххуысы æппæт федералон программæты. Субъект зындгонд у йæ хъæздыг историйæ, культурæ æмæ алæмæты фендтаг æмæ фæдзæхст бынæттæй. Туристон къабаз рæзы – аразæм инфраструктурæйы объекттæ, ног туристон маршруттыл куыст цæуы. Не ‘ппæт хъарутæй архайæм регионы рæзтыл,  –  загъта Дзанайты Барис.

Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ  йæ архайджытæ дарддæры куысты нысантæ сбæрæг кодтой æмæ сæ сæххæст кæнын бæрнон дзуапдæтджытæн
фæдзæхст æрцыд.

 РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here