РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд кусæг æмбырд дунеон культурон-патриотон терроризм не ‘руадзыны центр «Беслæн. 1-æм скъола» саразыны фарстаты фæдыл.
Æмбырды архайдтой дзуапдæттæн министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ, Рахизфарсы район æмæ Культурæйы федералон паддзахадон бюджетон куыстуат (ФГБУК) «Уæрæсе-йаг нырыккон паддзахадон центрон музей»-ы разамонджытæ.
Сæйрагдæр темæтæй иу уыд центры музейон экспозицийы куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын.
РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Ногъайты Алан куыд загъта, афтæмæй фыццаг къæпхæны æппæт мадзæлттæ арæзт æрцыдысты. Æнæххæстбарджын æхсæнад «Грата Продакшн»-ы специалисттæ сцæттæ кодтой бацæуæн æмæ визит-центр, кусджыты кабинеттæ, стæй бирæфæрæзджын зал. Уымæй рахизгæйæ, подрядон куыстуат æнæххæстбарджын æхсæнад «Скифос-РСК» кæронмæ ахæццæ кодта спортивон зал æмæ хъармгæнæн системæ сæвæрыны куыстытæ. Сæххæст кодтой, ацы аз январы кæмæ бавнæлдтой, музейон экспозици саразыны дыккаг къæпхæны уыцы мадзæлттæ.
Æмбырды архайджытæ æркастысты дунеон культурон-патриотон терроризм не ‘руадзыны центр «Беслæн. 1-æм скъола» ФГБУК «Уæрæсейаг нырыккон паддзахадон центрон музей»-имæ баиу кæныны фарстамæ. Куыст цæуы Уæрæсейы Президент Владимир Путины фæдзæхсты фæлгæты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ фембæлдты рæстæг.
РЦИ-Аланийы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Маринæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ цæттæ кæнынц хъæугæ документты пакет. Уæрæсейаг нырыккон паддзахадон центрон музейы генералон директоры фыццаг хæдивæг Инна Нелюба загъта, цæттæ кæй сты Беслæны музейы филиал саразынмæ æмæ æппæт фарстатæ алыг кæнынæн феххуысмæ.
Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис бахахх кодта республикæ-йæн проект сæххæст кæнынæн сæрмагонд нысан кæй ис.
– Куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын нæ регионæн ахсджиаг фарста у. Æппæт мадзæлттæ дæр саразын хъæуы, уыимæ – объект Уæрæсейаг нырыккон паддзахадон центрон музеймæ раттын дæр. Уый у нæ паддзахады разамонæджы уынаффæмæ гæсгæ республикæйы Сæргълæууæджы фæдзæхст. Курын уе ‘ппæтæй дæр нæ размæ æвæрд нысан бæрнонæй, æнæкъуылымпытæй цыбыр æмгъуыдмæ бæрзонд æмвæзадыл сæххæст кæнын, – загъта Дзанайты Барис.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














