Æвзарæн кампанийы æдасдзинады фарстатæ

0
53

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг сарæзта Паддзахадон Думæмæ депутаттæ æвзарæн къамистæн æххуысгæнæн кусæг къорды æмбырд, æнæнхъæлæджы уавæртæ сæвзæргæйæ, практикон амынддзинæдтимæ.

Мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ, барадхъахъхъæнæг оргæнтæ, æххæстгæнæг хицаудзинад æмæ районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты минæвæрттæ.

Боны фæткы фарстатæй иу уыд æвзарæн участоктæ террорæй бахъахъхъæнын. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй æдас-дзинад бахъахъхъæнын æмæ æнæнхъæлæджы уавæртæм цæттæдзинады тыххæй вазыгджын хъуыддаг у æппæт дзуапдæттæг ведомствæты æмгуыстад æмæ рагагъоммæ æппæт организацион фарстатæ алыг кæнын.

– Хъæлæс кæныны рæстæг æвзарæн участокты æдасдзинады тыххæй ныр хъæуы æппæт ифтонггæрзтæ самал кæнын, участокты хъуамæ уа стационарон æмæ къухы даргæ æфсæйнаг æргомгæнæнтæ, видеоцæстдарды системæтæ. Бынæттон хиуынаффæйады администрацитæ 25 августы онг уыцы нысантæ хъуамæ сæххæст кæной. 5 сентябры онг æвзарæн участоктыл æрзилдзыстæм æмæ сбæрæг кæндзыстæм, æдасдзинады домæнтæ куыд æххæстгонд сты, уый, – бахæс кодта Сергей Меняйло.

Кусæг къорды уæнгтæ та æрдзырдтой, хъæлæсгæнæн бонты йæ бон участоктæм цæуын кæмæн нæу, уыцы граждæнтæ, дæрддзæф зын бацæуæн хъæуты цæрджытæ куыд хъæлæс кæндзысты, цавæр культурон-дзыллон мадзæлттæ арæзт
цæудзæн, уыдæттыл.

Уымæй уæлдай, скадджын кодтой, æвзарæн кампаниты хъазуатонæй чи архайдта, алы къабæзты уыцы минæвæртты. Афтæ, РЦИ-Аланийы грамотæ лæвæрд æрцыд Федералон посты службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы директор Годжыцаты Эммæйæн, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæ-джытæ – «Ростелеком»-ы цæгатирыстойнаг дæлхайады HR-бизнес-партнер Кристина Алимовайæн, «Ростелеком»-ы цæгатирыстойнаг дæлхайады директоры хæдивæг
Андрей Поповæн, акционерон æхсæнад «Россети»-йы регионтимæ куысты специалист Хуызмиаты Маринæйæн.

Æмбырды кæронбæттæны йæ архайджытæ сарæзтой, æвзæрстыты рæстæг æнæнхъæлæджы уавæртæ сæвзæргæйæ, куыд архайын хъæуы, уый тыххæй ахуыртæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ ацæудзысты 18-20 сентябры.

 РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here