Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты цæстдарæн центры уæнгтæн уыд хъуыддаджы фембæлд æнахъомты социалон реабилитацийы республикон центр «Доброе сердце»-йы хъомылгæнинæгтæ æмæ центры сæрдыгон лагеры фæлладуадзæг сывæллæттимæ (адоны ’хсæн сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты цот æмæ социалон уагæй хъахъхъæнинаг фæсивæд).
Фембæлд сарæзтой экстремистон зондахастæй фæсивæды бахизын æмæ сын сæ барадон зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнынæн.
Фæсивæды раз раныхас кодтой: политикон наукæты доктор, профессор, университеты философи æмæ политикæ иртасынады кафедрæйы разамонæг Дзæхаты Ларисæ, социологон наукæты кандидат, социологийы кафедрæйы доцент Чихтисты Руслан æмæ Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы фæсивæдон политикæйы къамисы сæрдар Бикъаты Артур.
Интернет æмæ социалон хызты мыхуыргонд иуæй-иу мæнг хабæрттæ æцæг хабæрттæй цæмæй хицæн кæнынц, стæй, экстремистон æрмæджытæ бæрæг цæмæй дарынц, ныхасгæнджытæ фæсивæдæн уыдæттæ бамбарын кодтой.
Экстремистон ахадындзинадимæ фыдракæндты тыххæй Уæрæсейы Федерацийы закъонæвæрынад цавæр бæрнондзинад амоны, ныхасгæнджытæ æмбырдмæ ‘рбацæуæг æнахъомтæн уый тыххæй дæр хабæрттæ радзырдтой.
Хицæн ныхас цыд телефоны æмæ интернет-цæстфæлдахджыты тыххæй. Фæлывд адæймæгтæ арæхдæр куыд архайынц, æмæ сын персоналон бæрæггæнæнтæ хъусын кæнын кæй не ’мбæлы, цæстдарæг центры уæнгтæ фæлладуадзæг сывæллæттæн уыдæттæ бамбарын кодтой.
Фембæлды кæрон ацæуæг викторинæ «Знаешь ли ты свою Родину?»-йы архайгæйæ, фæсивæд Уæрæсейы истори æмæ культурæйы тыххæй сæ зонындзинæдтæ равдыстой.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты пресс- службæ













