Сыгъди цырагъау…

0
27

РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Дзанайты Георгийы чызг Ольгæйы мысæн изæр уыд Цæгат Ирыстоны Мариинаг театры хайады.

Мадзалы ссардтой Ольгæйы рухс ном, сæ хъуыдытæ загътой, ирон культурæйы рæзтмæ цы стыр бавæрæн бахаста, уый тыххæй. Уыцы бон ма кадджын уавæры балæвар кодтой республикæйы уæлдæр паддзахадон хæрзиуджытæ дæр.

Концерты архайдта РЦИ-Аланийы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз. Уый республикæйы Сæргълæууæджы номæй орден «Ирыстоны Намыс» балæвар кодта Ольгæйы хойæн. Бардзырд орден «Ирыстоны Намыс»-æй схорзæхджын кæныны тыххæй республикæйы разамонæг бафыста ацы азы 29 майы, фæлæ уæд Ольгæйæн йæхи бон не сси йæ хæрзиуæг райсын йе ’нæниздзинадмæ гæсгæ. Йæ хъысмæт афтæ рауад æмæ 31 майы Ольгæ йæ цардæй ахицæн.

Мысæн изæрмæ æрбамбырд сты йе ’мкусджытæ, йæ хæлæрттæ æмæ адæмон артисткæйы æвæджиауы курдиатæн аргъ чи кодта, уыдон иууылдæр. Дзанайты Ольгæйы рухс ном цæрдзæн æнусмæ йæ хиуæттæ, йæ аивад уарзджытæ æмæ йæ чи зыдта, уыцы адæмы зæрдæты…

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here