…Æмæ ныккалдтой бомбæтæ Берлиныл

0
13

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Æфсæддон-денджызон флоты авиацийæн разамынд лæвæрдта Семен Жаворонков. Немыцаг бомбææппарæг хæдтæхджытæ Мæскуымæ бырсын куы байдыдтой, уæд Жаворонков бахаста фæндон Æфсæддон-денджызон флоты адæмон комиссар Николай Кузнецовмæ, цæмæй мах торпедохæссæг дардмæ цæуæг хæдтæхджытæ дæр знаджы сæйраг горæт Берлин аккаг хуызы бахъыгдарой. Кузнецовы зæрдæмæ уыцы хъуыды фæцыди æмæ æртæ боны фæстæ Жаворонковæн фехъусын кодта, Сталин разы кæй у, уый тыххæй.

Æппæт тæхджытæ дæр стыр разæнгардæй сæмбæлдысты уыцы хабарыл. Райдыдтой цæттæ кæнын. Сагъæссаг уыди æрмæстдæр иу фарста – кæцæй хъуамæ стæхой сæ хæдтæхджытæ? Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ уæдмæ, ома 1941 азы июлы кæронмæ, Берлинмæ бахæццæ уæвынæн цы аэродромтæй уыдис стæхæн, уыдон бахаудтой немыцы къухмæ. Баззадысты ма æрмæстдæр дыууæ ахæм аэродромы – сакъадах Сааремайы, Балтикæйы денджызы. Уынаффæ рахастой – аэродром «Кагул»-æй спайда кæнын. Сарæзтой йæ хæсты хæдразмæ, йæ стæхæн æмæ æрбадыны тæлмы дæргъ уыди 1200 метры. Балцы æрвитынмæ кæй хъавыдысты, уыцы  ДБ-3 хæдтæхджыты бынæттæ бæстон бамбæхстой знаджы цæстæй, хæрз цыбыр рæстæгмæ базылдысты аэродромы фæзуатмæ. Тæхджыты къордæн разамонæг снысан кодтой авиацион полчъы сæргълæууæг булкъон Евгений Преображенскийы.

1941 азы 4 августы дардмæтæхæг бомбææппарæг уæззау ссæдз хæдтæхæджы æрбадтысты аэродром «Кагул»-ы. Тæхджыты къордæн сæ разамонæг Преображенский цыбырæй бамбарын кодта, сæ размæ цы егъау æмæ кадджын хæс æвæрд ис, йæ ахадындзинад куыд стыр уыдзæн, æппæт уыдæттæ.

Алы хæдтæхæг дæр ласта сæдæ килограммы уæзæн аст бомбæйы. Тæхын та сæ хъуыди Берлины онг 1760 километры, фылдæр денджызы сæрмæ. Алцы дæр бахынцтой, сцæттæ кодтой æмæ 8 августы, изæрæй, 13 советон хæдтæхæджы сæ фæндаг адардтой Германимæ. Фæрæстмæ сæ фыццаг балц нæ лæппутæн. Фашисттæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди, советон тæхджытæ сæм ахæм ныфсджын æмæ уæндонæй кæй фæзындзысты, уый. Берлин бомбæты срæмыгъдтытæй фегуыппæг, æвæццæгæн, йæ цæрджытæй иу æмæ дыууæ не ’лгъыстой рейхы пропагандæйы хицау Геббельсы – уый сын ныфсытæ æвæрдта, советон авиаци, дам, дæрæнгонд æрцыди… Цыбыр ныхасæй, советон уæлдæфон сахъгуырдтæ кадимæ ахицæн кодтой сæ балц æмæ æрбаздæхтысты сæ аэродроммæ æнæ иу хъуагæй.

Уый фæстæ дæр ма иу æмæ дыууæ хатты нæ барызт æмæ не ссыгъд советон бомбæтæй Берлин. Стыр политикон ахадындзинад уыдис æнæхъæн дунейы дæр уыцы уæлдæфон ныббырстытæн. Америкаг агентад Юнайтед Прессы æфсæддон уацхæссæг фыста йæ афæлгæсты, Советон æфсады æнтыстытæн сæ сæйраг рахæцæн кæй у йæ авиаци æмæ домбай танкты тых.

Советон Цæдисы разамынд, Сæйраг командæгæнæг Сталин стыр аргъ скодтой нæ тæхджыты лæгдзинад æмæ æхсарæн, цалдæрæн раттой Советон Цæдисы Хъæбатырты нæмттæ, бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй.

Кæй радзырдтам, уыцы цаутыл 8 августы æххæст кæны 85 азы.

 Æрмæг бацæттæ кодта

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here