Фæндагыл цыдмæ цæст дарынц

0
12

Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады фæндаггон-патрулон службæйы хистæр инспектор, пъæлицæйы хистæр лейтенант Елойты Хетæг барадхъахъхъæнæн оргæнты кусын райдыдта 2008 аз, ома æрсидтмæ гæсгæ, æфсæддон службæйæ куы ‘рбаздæхт, уыцы заман.

Райдианы æрыгон барадхъахъхъæнæг дыууæ азы дæргъы бакуыста патрулон-постон службæйы æмæ фæстæдæр раивта автоинспекцийы дæлхайадмæ. Автоинспекцийы кусджыты хæс у барадон фæтк хъахъхъæнын, фæндагыл цыдмæ цæст дарын, стæй алыхуызон барадхæлдтытæ æмæ фыдракæндтæй адæмы бахизын. Ныр æстдæс азы дæргъы Елойы-фырт йæ райгуырæн Алагиры службæ кæны барадхъахъхъæнæгæй.

Скъолайы ахуырады заман дæр Хетæджы фæндыд автоинспекцийы кусын, фæндæгтыл барадон фæтк хъахъхъæнын. Адæмимæ ныхасгæнгæйæ, психологион гæнæнтæй пайда кæнын кæй хъæуы, дзæвгар рæстæг автоинспекцийы службæгæнæг афицер уый рахатыд. «Уайдзæф кæмæ бахъары, ахæм хæдтулгæскъæрæгимæ дзурын æнцон у. Фæлæ, барадон фæтк халын кæй не ’мбæлы, уый чи не ’мбары, ахæм адæймæгтыл дæр сæмбæлын. Æнæсæттон адæймæгтимæ ныхасгæнгæйæ, административон ахадындзинады мадзæлттæй спайда кæнын бахъæуы», – зæгъы пъæлицæйы хистæр лейтенант.

Арæх фæндаггон-транспортон фыдбылызтæ чи расайы, куысты хæстæ æххæстгæнгæйæ, автоинспектортæ, фыццаджыдæр, архайынц ахæм барадхæлдтытæй адæмы бахизыныл. Рæстæгæй-рæстæгмæ  скъолатæм æрбацæугæйæ, автоинспектортæ ахуырдзаутæн хуымæтæджы уагæй бамбарын кæнынц, фæндагыл цыды фæтк æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй у, уый.

Службæйы хæстæ æххæстгæнгæйæ, Елойы-фырт зæрдылдарæн цаутыл дæр сæмбæлы. «Хæдтулгæ скъæрыны бардæттæг мæнг документ кæмæ уыд, иу хатт ахæм хæдтулгæскъæрæджы баурæдтам. Хъуыддаг бæлвырд кæныны заман куыд рабæрæг, афтæмæй амынд хæдтулгæскъæрæджы агуырдтой æппæт бæстæйы, æмæ афтæмæй урæд адæймаджы ныхмæ æмбæлгæ мадзæлттæй спайда кæнын бахъуыд», – зæгъы Хетæг.

Фæлтæрдджын автоинспектор транспортон фæрæзты скъæрджытæ æмæ фистæг бæлццæттæн фæдзæхсы фæндагыл цыды фæтк æмæ æдасдзинады домæнтæ биноныг æххæст кæнын.

Пъæлицæйы кæстæр лейтенант Дзуццаты Зауырбег та автоинспекцийы амынд дæлхайады службæ кæнын райдыдта цалдæр мæйы размæ. Зауырбеджы фыд Олег дзæвгар рæстæг баслужбæ кодта Дзæуджыхъæуы автоинспекцийы æмæ ныр ныййарæджы дæсныйад равзарæг фырт барадхъахъхъæнæджы куысты хæстæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кæны. Æрыгон автоинспекторы ныхасмæ гæсгæ, теорион зонындзинæдтæ ахсджиаг сты, фæлæ адæмимæ æрвылбон практикон куыстæн ис уæлдай стырдæр ахадындзинад.

 Гæззаты Зæринæ,

Алагиры районы мидхъуыддæгты  хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here