Хъолайы цъитимæ цæстдард

0
738

Цæгат Ирыстоны хæххон районтæн æдасдзинады фадæттæ рагагъоммæ саразыны тыххæй Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты регионалон управленийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Веретенников Хъолайы цъитийы  уавæр раиртæсыны куыстытæ бакодта. Нысан баст уыд ихын тæлмæн аргъ скæнынимæ, тæссагдзинæдтæ рабæрæг кæнынимæ.

Ацы ахсджиаг хъуыддаг скæнынмæ фæсидтысты зындгонддæр ахуыргæнæндæтты эксперттæм, уыдонимæ – Мæскуыйаг паддзахадон университеты раззагдæр наукон кусæг, географион наукæты кандидат Сергей Черноморец. Уый бирæ азты дæргъы ацы тæссаг цъити раиртасыны экспедицитæн уыд разамонæг. Ведомствæты ‘хсæн оперативон къорд Хъолайы цъитийы бынатмæ схæццæ кодта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады вертолет Ми-8.

Раздæр уал специалисттæ ихын-дурты змæстæн аргъ скодтой цæстæй йæм æркæсгæйæ, федтой, ихын къæйтæ цъитийы раивылды фæстæ сæ бынат куыд ахстой, уыдæттæ,  Джимарайы хохы фæхстæм æркастысты. Сергей Веретенников куыд радзырдта, афтæмæй ахæм тæссаг змæлдгæнæг цъититæм кæсын ахсджиаг у æппæт регионæн. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты, ахуыргæндты иумæйаг архайд æрдзон уæлцъары конды ивддзинæдтæ уыныны бар дæтты, тæссагдæр хъуыддæгтæ æрцæуыны математикон бæлвырд хуызтæ аразы.

Хъолайы цъитийы раивылд йæхи базонын кæны йæ знæт, карз равгæй, бахастой йæ, тæлфаг цъититы хыгъдмæ. Ногдæр историйы æрцыд æртæ раивылды, фыццаг уыд 1902 азы, июлы, уæд ихы тыхджын раивылд йæ разæй ахаста 36 адæймаджы æмæ фосы 1800 сæры. Дыккаг хатт – 1969 азы Хъолайы цъити ногæй сæнкъуысыд, фæлæ цæрджыты уайтагъд æдас ранмæ кæй раивтой, уый руаджы хъыгдард ничи баййæфта. Æртыккаг хатт цъити раивылд 2002 азы, сентябры, уæд ихы егъау лæсæн, йæ бæрц – 21 милуан кубометры, афтæмæй бынтондæр фехæлдта æппæт инфраструктурæ.

Уæд фесæфт 125 адæймаджы, афæдзы дæргъы агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ цыдысты, æрмæстдæр 19 адæймаджы мардæй ссардтой. Ныртæккæйы иртасæн куыстытæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй цъитийы тынг бирæ ихын æрмæг æмбырд кæны. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ цъитимæ æппынæдзух цæстдард уа, бынатмæ хъуамæ цæуой наукон экспедицитæ, уæдæ уавæр иртасыны тыххæй цæстдарды аппараттæ дæр æвæрд æрцæуой. Цы бæрæггæнæнтæ дзы фæзына, уыдон бахæсдзысты цæрджыты æмæ туристты æдасдзинады амынддзинады бындурмæ.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады
регионалон управленийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here