Беслæн. Нæ рыст, нæ сагъæс

0
62

Журналисты боныгæй                              

Сентябрь

Фæззæг нæ фыдæлтæм бæркæдты афоныл нымад уыд,  сыгъзæрин фæззæг дæр æй хуымæтæджы нæ хуыдтой. Скъоладзаутæн та уыд сæ кадджын бæрæгбон. Сентябры алы фыццæгæм бонмæ дæр-иу сывæллæттæ  æнхъæлмæ кастысты. Йе ‘мкъласонтæ æмæ ахуыргæнджыты фенынмæ-иу згъордтой сæ амынд сахатæй раздæр.  Афтæ уыдис тынг бирæ азтæ, цалынмæ нæм фыдбылыз æмæ мæлæтхæссæг  тыхтæ æнæнхъæлæджы нæ фæзындысты, уæдмæ. Залиаг калм Руймон æрлæст уæлæрвтæй æмæ аныхъуырдта æнæхъæн фæлтæр, йæ фæстæ ныууагъта гæныстон фæд.

Æз дæр бирæ уарзтон фæззæг, уæлдайдæр-иу æрдз алыхуызон ахорæнтæй йæхи куы сфæлыста, уæд ма уымæй алæмæты нывмæ дæр бакæсæн цæмæ уыдаид. Бур-бурид æмæ сырхбын сыфтæ-иу ме уæхсчытыл куы ‘рхаудысты, уæд мын уый цавæрдæр циндзинад лæвæрдта. Ныр мын æнæуынон фестад сентябрь. Уыцы фыццаг бонты дæр, скъола, сабитæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ фыдгæнджыты ахæсты куы бахаудысты, уæд  канд Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн бæстæ æмæ дунейы дæр æнхъæл ничи уыд, æмæ уавæр фыддæрырдæм  разилдзæн. Алкæй дæр нæ ныфс уыдис, сабитæ террористты къухæй кæй фервæздзысты, уымæй. Фыццаг æртæ боны хур афтæ тавта, æмæ,  сколамæ хæстæг фæз æмæ дæрддзæф рæтты цы дзыллæтæ лæууыдысты, уыдон,  цыма, æнтæфæй тынгдæр тыхстысты. Фæлæ фæззæг уæддæр йæ кæнон кодта, сыфтæ дæр бæлæстæй иугай згъæлыдысты. Мæнæ та ме уæхскмæ бур сыф æрхауд, фæлæ мын ацы хатт æхсызгон нал уыд, нал бацин кодтон сызгъæрин фæззæгыл дæр. Хъыг мын уыдис йе ‘рцыд, цæмæ ралæууыд, фæлтау  августæн кæрон куы нæ уыдаид. Фыдадæймаджы сурæты хуызы мæм фæкаст сентябрь. 2004 азы Ирыстонмæ  фыдбоны  «уаргъимæ» фæзынд   æмæ нæ туджы нывдылдта, цæргæбонтæм нын нæ зæрдæтæ хъыджы  хызтæй бамбæрзта. Нæ, уый нæ  кæддæры  æрвылазон æмæ уарзон  сентябрь нæ уыд, фæлæ сау мæлæты  æндæрг, Помпейы сæфты хуызæн адзал. Нæй хуымæтæг ныхæстæй радзурæн, йæ фыдракæндты тыххæй  дзырдуаты  аккаг  дзырдтæ ссарæн. Сæрызонд сæ нæ ахсы æмæ нæ ары.

Æнхъæлмæ кастыстæм иууылдæр, хистæрæй, кæстæрæй хорз хабармæ. Нæ бæстæйы Президент архайдта, цæмæй уавæр банывыл уыдаид. Ничи ницы зыдта, не ‘мбæрста уæд,  цы ‘рцыди, уый, алырдыгæй дæр – æмтъеры æмæ змæст. Диссаг дæр куыннæ уыдис, 2 сентябры Беслæны уынгты азмæлæн нал уыд канд нæ республикæйы цæрджытæй нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг бæстæтæй æрцæуæг журналисттæй дæр. Сæхи тыхтъыст кодтой алы ран дæр. Пъæлицæйы кусджытæ сæ уромын нæ фæрæзтой, тæссаг у скъоламæ хæстæг бацæуын, зæгъгæ, ныхас не ‘мбæрстой. Уыцы рæстæг ирон адæм тынг æрбангом сты, ныфсытæ æвæрдтой кæрæдзийæн. Уалынмæ райхъуыст, Аушев, дам, сæм бацыд æмæ цалдæр сылгоймаджы хъæбысы сывæллæттимæ ракодта залæй, стæй, дам, цавæрдæр фыстæг гæххæтты гæбазыл раппæрстой æддæмæ террористтæ. Домдтой æмæ домдтой, сæххæстгæнæн кæмæн нæ уыд, ахæм фарстатæ. Цы уыд дарддæр, уый дзурын никæмæн уал хъæуы, рæмыгъдтытæй Ирыстоны уæларв дæр фæтарст,  иу иннæйы фæдыл куы азæлыдысты, уæд адæмы æмæ ахæсты бахауæг адæмы хъæрахстæй   Беслæн ныррызт. Ралæууыдысты саударæн бонтæ. Цалдæргай сывæллæттæ чи бавæрдта, ахæм хæдзæрттæм мæрддзыгой адæм нæ, фæлæ бындзытæ дæр батæхын нæ уæндыдысты. Къæвдатæ та калдтой ведрайæ калæгау, куыдтой дунейы адæм, куыдта æрдз дæр чысыл  æнамонд  сабиты сæфтыл. Сывæллæттæн сæ бон донæй бафсæдын цы нæ баци, уый айстой къæвдайы æмæ адæмы цæссыгæй. Ахæм æвирхъаудзинадæн нырыккон царды æмбал нæ уыд.   Уый уыдис фыдохы  сентябрь, нæ Ирыстоны къæлиндары сау бонæй фыст чи ‘рцыд, ахæм мæй.

Тæрхоны бонтæ

Дзæвгар рæстæг цыдис слест.  Фыдгæнджыты къордæй ма чи аирвæзт, уыцы иунæг Нурпаша Кулаевæн райдыдтой тæрхон кæнын. Фыццаг бон Дзæуджыхъæуы Уæлдæр Тæрхондоны бæстыхаймæ бахизæн дæр нæ уыд, дунейæ цы бæстæйæ дзы  нæ уыд журналисттæ, ахæм нал баззад. Сæ исæн камерæтæ рæвдзæй, кусын æввонгæй цæттæ уыдысты. Уартæ, чысыл æддæдæр, тигъыл бæласы раз æрлæууыд автобус, рахызтысты дзы саударæг мадæлтæ, сæ фарсмæ, Рахизфарсы районы газеты журналист Къæбойты Мурат, афтæмæй, æмæ нæ размæ комкоммæ æрбацæйцыдысты. Зæххыл, кæрдæгыл чи бадтис, уыцы æндæрбæстаг журналисттæ сæ бынæттæй фестадысты æмæ иуварс алæууыдысты. Уæдмæ пъæлицæйы кусджыты къорд фæзынд рог автомашинæйыл, сæ фæстæ та – ахæстоны машинæ, бæстыхайы иннæ фарс æфсæн дуар байгом, æмæ машинæтæ уым фæмидæг сты.  Цы бамбарын хъуыд, террористы тæрхонмæ ‘рбаластой, уымæн. Уыцы ныв дæр уайтагъд  фотокорреспонденттæ  фелвæстой. Тæрхон амыдта Æгъуызарты Тамерлан. Абоны хуызæн хъуыды кæнын Тамерланы фæлурс æмæ тыхст цæсгом. Йæ цæстытæ-иу уæлæмæ сисын дæр нæ фæрæзта, афтæмæй фарста, террористты ахæстæй чи раирвæзт, уыдоны,  стæй, хъуыддагыл дзуапп чи лæвæрдта, уыцы чиновникты. Дзасохты Алыксандры дзуаппытæм се ‘ппæтæй тынгдæр æнхъæлмæ кастысты иууылдæр, алкæй дæр фæндыд базонын, цæмæн æрцыд ахæм æвирхъау фыдбылыз, цы уыдысты йæ аххосæгтæ, уый. Дзасохы-фырт радзырдта, уый кæй уыдис æппæты æгъатырдæр æмæ æнæбасæттондæр фыдгæнджыты къорд.

– Цы телефонты номыртæ-иу раппæрстой, немæ бастдзинад саразыны тыххæй, уыдонæй-иу иу дæр нæ куыста. Иунæг хатт сæм бахаудтæн, æмæ, цы чъизи æвзагæй дзырдтой, ахæм ныхæстæ бирæ æз хъусгæ дæр нæ фæкодтон. Домдтой, цæмæй сæм залмæ бацыдаиккам цыппарæй, кæнæ иунæг дæр нæ. Иунæджы дæр дзы не ссардтам. Бамбæхстысты æмæ сæ телефонтæ ахуыссын кодтой, – дзырдта нæ республикæйы уæды Сæргълæууæг.

Нурпаша Кулаев нæ састис, æз, дам, иунæг сывæллон дæр нæ амардтон, зæгъгæ, стæй радзырдта сæ æрбабырсты нысан дæр. Уый загъта, фыстæджы амынд кæй цыдысты цыппар адæймаджы, сæ домæн сын чи сæххæст кодтаид, ахæмтæ: Мурат Зязиков, Асланбек  Аслаханов, Дзасохты Алыксандр æмæ Владимир  Рушайло, уыцы рæстæг УФ-йы Мидхъуыддæгты министр. Шамиль Басаевы бандæ домдта, цæмæй Уæрæсе йе ‘фсæдтæ Цæцæнæй ракæна. Бирæ историтæ, бирæ диссæгтæ дзырдтой террористты къухы бахауæг  адæм. Теракты слест æмæ тæрхоны хъуыддæгтæ 140 чиныгæй фылдæр фесты.

Мæ зæрдыл ма ‘рлæууы хъыгдардбаййафæг амынæтты адвокат  Чеджемты Таймураз дæр. Уый æргом æмæ карзæй æвæрдта йæ фарстатæ, дзуапп чидæриддæр лæвæрдта, уыдоны раз. Таймураз  йæ цардæй ахицæн, нал ис Къæбойты Мурат дæр. Мурат йæхæдæг саударæг мадæлтæн иудадзыг цырагъау сæ фарсмæ фæлæууыд. Сæ рисы хай сын йæхимæ айста æмæ ссардта зæрдæниз. Фæфыста сæфт сывæллæттæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытыл  цалдæргай чингуытæ, дунейæн фæдзырдта сæ æнамонд хъысмæты хабæрттæ. Бæлвырд иртасæн куыст бакодта, спецназы хæстонтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы хъæбатырты цард æмæ архайды историйы сыфтæ фыссыны фæдыл. Къæбойты Мурат йæхæдæг æфсæддон лæг уыд, отставкæйы, дæлдондзæуæг науы фæслужбæ кодта, фæлæ йæ теракты фæстæ   курдиатджын журналистæй базыдтой дунейы бирæ бæстæты. Мурат уыд хæларзæрдæ æмæ цæстуарзон адæймаг. Искæй рисæй рыстис йæ зæрдæ æмæ хъæрзыдта йæ уд. Æнцой нæ ардта йæхицæн, баххуыс кæнын-иу йæ бон куы ницæмæй уыд, уæд. Æрыхсæв æмæ-иу ыл æрбабон ис, фыдбæллæхы чи бахауд, уыцы сывæллæтты хабæрттæ фысгæйæ. Уыимæ-иу йæхæдæг дæр мадæлтимæ куыдта ставд цæссыгтæй, афтæ йæхи  бауромын, лæг уæвгæйæ, йæ бон нæ уыд. Тæрхоны бонты рæстæг-иу æппæт журналистты ‘хсæн  иронау нæ хъуыдытæ æрмæст нæ дыууæ кæрæдзийæн  дзырдтам. Тынг аив æмæ йын  сыгъдæг ирон ныхасыхъæд  уыдис. Уый хыгъд – уырыссагау дæр дæсны æмæ арæхстджын. Зæрдæ  фыдымур йеддæмæ нæу, фæлæ, цы ‘нкъарæнтæй арæзт у, уый  та  диссаг. Лæгыл куыд фæтых, фæуæлахиз вæййы, куы йæ цины бæрзæндтæм сисы, куы та йæ æрхæндæг æмæ масты сæвдулы.

Фæсарæйнаг уазджытæ

Кан Хэ Чан – Сеулы дины уæлдæр скъолайы профессор:

– Ирыстоныл цы бонтæ акодта, ахæмтæй Хуыцау бахизæд. Æз ныхас кодтон Беслæны разамындимæ, цæмæй нæ дины скъола æмæ Беслæны 1-æм скъолаимæ нын æмгуыстады ахастдзинæдтæ уа. Архайдзыстæм уæ сывæллæтты уæззау уаргъ фæрогдæр кæныныл. Макуыуал æрцæуæд, сывæллæттæ кæм фесæфой, ахæм хабар. Уый æнæхъæнæй дæр адæймагæн низтæ сæвзæрыны  аххосаг куы у.

Хъуысаты Сатреддин – Турчы ирæтты æхсæнады уæнг:

– Нæ хъыг æмæ нæ цин иу сты, æмæ нæхи дæр хъуамæ дих ма кæнæм. Кæд кæйдæр бæсты цæрæм, уæддæр не ‘гъдæутты уидæгтæ сты ам. Спортивон залмæ фыццаг хатт куы бахызтæн, уæд мæ къæхты зыр-зыр банкъардтон. Сабиты сурæттæм кæсгæйæ, мæ цæссыг мæ уадултыл лæдæрсыд. Цавæр удтæ æмæ сын зæрдæтæ уыдис уыцы сабимарджытæн, куыд ис ныффæразæн ахæм диссагæн?

Хоситы Бурхан:

– Мах рагæй фæнды, Ирыстонимæ нын бастдзинад уа, уыцы хъуыддаг саразын. Цæмæй нæ хæстæджытæ, нæ мыггæгты хæдзæрттæм ныфсджынæй хионы цыдæй цæуæм. Ирыстоныл кæуæн бонтæ куы скодта, уæд Турчы цæрæг ирон адæмы иннæ хай та цады мал фестад. Куыдтам не ‘нæхъаруйыл, нæ сабитæн кæйдæр зæххæй ардæм баххуыс кæнын нæ бон кæй нæ баци, ууыл. Кæд нын визæ нæ лæвæрдтой, уæддæр нæ ницы æмæ ничиуал баурæдтаид нæ фыдæлты райгуырæн уæзæгмæ æрцæуын æмæ нæ сæфт хуртæн «рухсаг» зæгъынæн балцыл бацархайынæн.

Мысæн бонтæ

Афтæ фæзæгъынц, рæстæг, дам, хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у. Фæлæ, куыд ис ферохгæнæн,  комы комдзæгтæй кæй фæхастой, уыцы сæфт хъæбулты иу уысм дæр, йæ фыдæбæттæ дзæгъæлы кæмæн фесты, зæрондырдæм  æвæгæсæгæй чи баззад, æнæхъæн бинонтæй чи бавдæлон, уыцы ныййарджытæ мæгуыр не сты? Уæвгæ дзы бирæтæ   нал рацардысты. Се ‘нусон дунемæ фæтагъд кодтой сæ сабитæм. Уым сæ ныр ничиуал бахъыгдардзæн. Фæлæ, уæлæуыл чи баззад, уыцы ирон адæмæн та сентябрь фыдбон æмæ фыдвæззæджы афонæй баззад. Алы аз дæр фыццæгæм сентябры скъолайы кæртмæ цæуынц дидинджытæ æмæ веноктимæ. Æрмæст иу ныхас никæмæй ис фехъусæн. Æдзæм, цæссыгтæ æмæ мыдадзын цырæгътæ систы ацы бонты сæйраг  «архайджытæ». Сарæзтой кæрты хъизæмаргæнæг чысыл удтæн аргъуан. Кувыны цырæгътæ дзы судзынц æдзухдæр. Сабитæ  фестадысты зæдтæ, сæ удтæ та æрцардысты аргъуаны, ам кæддæр, 2004 азы, уыдис 1-3 кълæсты ахуырдзауты райдиан скъола. Æппæты фылдæр ацы кары сабитæ бацарæфтыд сты. Ныр нæм кæсынц уæлæрвтæй, мах та сæ ‘нкъарæм æрдзы алы хуызты.

Ацы хабæрттæ мæ зæрдыл бадардтон, мæ зæрдæ та бынтон бамæгуыр вæййы дзæнæты бадинаг Джыккайты Шамилы фыст  хъарæгæй. «Фæцис мæ Ир фыдазарæй фыдвæззæг».

Æрхæццæ та кæны сентябрь. Хойы та фыдуацы азæлд нæ зæрдæтæм, уыцы бонтæ ныр нæ царды фыст æрцыдысты сæрмагонд сауæй. Нæй сын ахахх кæнæн, нæй сын рох кæнæн. Цæрынæй-хæрынмæ чи никуыма ‘рцыд, ахæм теракты фæстиуджытæ, цæйбæрцфæнды азтæ куы рацæуой, уæддæр удæнцой никæмæн ратдзысты, рæхойдзысты нæ алы хатт дæр фæззæджы къæсæрыл.

 

Мæ зæрдæ, фест фыдохы бон дзæнгæрæг,

Дæ хъæлæсæй нæ Иры маст нæрæд,

Дæ цъæхахст дардыл азæлæд хъæргæнæг,

Дæ хъæрæй Зæхх йæ хъæбултыл кæуæд.

        

Беслæнæй абон судзаг марой хъуысы,

Мæрдон фæздæгæй баталынг нæ бон.

Нæ тæригъæдæй арвы къæй æнкъуысы,

Цæрдудæй мах куыд æвзарæм зындон!

                                            

                                                              ДЖЫККАЙТЫ Шамил

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here