Хæххон нывтæ

0
20

Тынг бирæ  уазджытæ цæуы Ирыстонмæ, акæсæнтæ нæй нæ республикæйы æппæт районтæм,  уæлдайдæр  Куырттаты комы бынæттæм.

Махмæ, нæхимæ диссаг нал кæсынц, астæуккаг æнусты рагон арæзтæдтæ, æрцæуæг адæм та цымыдисæй фæлгæсынц алы зæронд дурмæ дæр. Куырттаты комы, Фаллаг коммæ фæндагыл, бæрзонд тигъыл лæууынц æфсымæртæ Куырта æмæ Тæгайы заманты мæсгуыты хæлддзæгтæ. Бирæ рæстæджыты уыдысты ахæм уавæры, ныр сæм Гуыриаты мыггагæй амалхъом адæймаг  базылдис, Хæкъуынайы мæсыг æнæхъæнæй дæр самайын кодта, Куырта æмæ Тæгайы мæсгуытæ та уал æрдæгарæзтæй лæууынц. Реставрацийы куыстытæ æнцон не сты, стæй сын чысыл æхца æмæ æрмæг нæ хъæуы. Фæлæ, раздæр куыд уыдис ацы бæрзонд тигъ, афтæ нал у. Йæ фæз æмæ  йын фæндæгтæ  фæуæрæхдæр кодтой æмæ дзы ныр рог автомашинæтæ æмæ маршруткæтæ æнæкъуылымпыйæ разилынц. Иу  хурбон Фæзыхъæумæ цæугæйæ, мæ цæст ахастон, алыхуызон сувениртæ æмæ продукттæ кæм уæйгонд цыдис, уыцы чысыл базарыл. Базартæ ныр хæхбæсты сарæх сты,  æмæ кæм не  сты – нæлгоймæгты моладзандонæй райдай æмæ Дыгургомы хъæутæй фæу. Алы ранмæ дæр сæудæджергæнджыты къух баххæссыд. Чи зоны, æвзæр хъуыддаг нæу, фæлæ ацы фарстайы дæр æххæст кæнын хъæуы бæлвырд домæнтæ.

Куырта æмæ Тæгайы мæсгуыты хæлддзæгты раз туристтæй азмæлæнтæ нæ уыд. Кæцæй нæ уыдысты, ахæм нал баззад. Чысыл æддæдæр, былгæронмæ æввахс йæ уæйгæнинæгтæ равæрдта суадаггаг Мæргъиты Амиран. Уæй кæны ирон нозт: хи конд сæн, арахъхъ, мыд, цыхт æмæ æндæр продукттæ. Мах, бынæттон цæрджытæ, ахуыр стæм мыд æмæ цыхтыл дæр, фæлæ æндæр адæмтæм та нæ хойраг сыгъдæг æмæ хæрзхъæд фæкаст. Зæрдиагæй сæ æлхæдтой семæ ласынмæ.

– Мæхи цæхæрадоны зайы сæны аккаг сæнæфсир. Алы аз дæр дзы сæн рауадзын. Мæнæ ардæм   дæр  æй ласын æмæ йæ зæрдиагæй æлхæнынц туристтæ, – загъта Амиран.

Канд Мæргъийы-фыртæй уæлдай ма дзы ис ноджыдæр уæйгæнджытæ,  сæ тæрхæджытыл сын фенæн ис   тинтычъийæ, къуымбилæй, хъæдæй æмæ авгæй  конд дзаумæттæ. Иууылдæр сты нæхи ирыстойнаг æрмадзты арæзт продукци. Цæст сæ уындæй райы, фæлæ сæ æргътæ та куыдзау хæцынц. Уыимæ, алы нымæтхуд æмæ цъындайыл дæр Ирыстоны тырысайы эмблемæ хуыд.  Тырысайы ахадындзинадæн паддзахадон вазыгджын нысаниуæг и  æмæ дзы базар кæныны мадзæлтты пайда кæнын  раст  хъуыддаг  нæу. Алцæмæндæр закъоны домæнтæ фыст ис,  æмæ сæ æххæст кæнын хъæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ, æхцайы заман у, капитализмы дуг æмæ кæй куыд фæнды, афтæ амæлттæ кæны.

Саутæты Тамилæ    

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here