Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ сæ куысты фæдыл цы докладтæ скодтой, уым ныхас цыд ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтыл æмæ социалон-экономикон цардимæ баст фарстатыл.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.
– Ивгъуыд къуырийы дæргъы республикæйы æвирхъау цаутæ бæрæггонд не ’рцыд. Фондз районы 32 хъæуы дарддæр дæр тæссаг у зынгсирвæзтытæй. 24 августæй 30 августмæ ахуыссын кæнын бантыст 19 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы баййæфтой дыууæ адæймаджы. Регионы сæрмагонд службæтæ архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæрты. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 70 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 8 адæймаджы. Иу адæймаг дзы фæмард. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты æппæт автотранспорты хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл электронон рады æнхъæлмæ кæсынц 41 машинæйы. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 32320 автотранспортон иуæджы æмæ 106905 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы ахуыссын кæнын бантыст 19 зынгсирвæзты. Уыдонæй 29 – хус кæрдæг сыгъд, 7 та – бырондæттæ. Хус кæрдæгыл арт кæй бандзæрста, уый тыххæй закъоны раз дзуапп ратдзæн иу адæймаг.
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 24 августæй 30 августмæ регионы æрцыд 142 фыдракæнды. Раргом кæнын дзы бантыст 69.
Республикæйы Сæргълæууæг Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад, Росгварди æмæ иннæ структурæтæн бафæдзæхста 1-3 сентябры мысæн мадзæлтты æмæ 4 сентябры – Ног ахуыры азы фыццаг боны æдасдзинадмæ цæстдард фæкарздæр кæнын.
«Роспотребнадзор»-ы регионалон хайад фехъусын кодта, республикæйы эпидемиологон уавæр нывыл кæй у, уый. Ивгъуыд къуыри ног коронавирусон инфекци бæрæггонд не ’рцыд.
РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы æппæт астæуккаг ахуырадон скъолатæ дæр цæттæ сты ног ахуыры азмæ. Ног ахуыргæнæн чингуытæ уæрст цæуынц скъолатыл.
– 14 иумæйаг ахуырадон скъолайы байгом уыдзысты бындурон цалцæджы фæстæ, иу та рацарæзты фæстæ. Ацы аз 19 æрыгон ахуыргæнæджы, национ проект «Земский учитель»-ы фæлгæты, райдайдзысты кусын хъæуты скъолаты. Куыд æмбæлы, афтæ сæ алчидæр райста милуан сомы, – фæбæрæг кодта министр.
Сергей Меняйло министртæн бафæдзæхста, 4 сентябры иууылдæр скъолаты куыд уой, афтæ. Иунæг скъола дæр хъуамæ рохуаты ма баззайа.
РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур фехъусын кодта, «Лукойл» республикæмæ бензин кæй нал ласы, уый артаджы уавæрыл зынгæ кæй фæбæрæг.
Сергей Меняйло Хъараты Тимурæн бафæдзæхста, цæмæй карз цæстдард цæуа артаджы æргътæм.
– Кæд артаг æвгæнæн станцæйы бензин фæцис, уæд дзы ног бензин хъуамæ æхсæвыгон нывгæной, цæмæй адæмæн сæ бон райсом раджы артаг ныккæнын уа. Республикæйы цæрджытæн, куыд загътон, афтæ – 50 литры, уазджытæн та – 30 литры, – загъта регионы разамонæг.
Хъараты Тимур ма фехъусын кодта, зымæджы хъармгæнæн рæстæгмæ 85 проценты бæрц цæттæ кæй сты, уый. Ноджы ма кæронмæ фæхæццæ кæны Беслæны мемориалон комплекс «Древо жизни»-йы цалцæг.
Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














