Райдыдта ног ахуыры аз, æмæ мингай ахуырдзаутæ ацы бонты ногæй араст уыдзысты се скъолатæм. Сæрды фæлладуадзæн мæйты дæргъы сæ, чи зоны, æмæ цыдæртæ айрох, фæндагыл цæугæйæ, уыйбæрц къæрцхъус, чи зоны, æмæ ма уой. Уымæ гæсгæ, ацы рæстæг хистæртæ хъуамæ уой уæлдай бæрнондæр.
Сывæллонæн йæ бон у, æмæ, фæндаджы сæрты цæугæйæ, фæджих уа, науæд машинæты фæндагмæ æвиппайды рауайа, науæд лæугæ чи кæны, ахæм машинæйы чъылдымæй фæндагмæ рагæпп кæна. Уыдæттæ шофыртæй рох хъуамæ ма уой æмæ, скъолайы кæнæ равдауæндоны цурмæ, æрлæууæн бынатмæ кæнæ фæндаджы сæрты хизыны бынатмæ фæхæстæг кæнгæйæ, сæ цыд хъуамæ фæуромой æмæ бахъуаджы дзыхълæуд ныккæнынмæ хъуамæ уой цæттæ. Машинæйы хæстæгмæ
рухсгæнæнтæ боныгон дæр хъуамæ судзой, афтæмæй машинæ дардмæ дæр зындзæн æмæ уымæ гæсгæ сывæллонæн уыдзæн æдасдæр, фæндаджы сæрты куы хиза, уæд.
Ныййарджытæй сæхицæй дæр хъуамæ рох ма кæной фæндагыл цæуыны æдасдзинады домæнтæ, стæй сæ сæ сывæллонæн дæр алы бон йæ зæрдыл хъуамæ лæууын кæной. Хæдзарæй скъоламæ цы фæндаг ис, уыцы фæндагыл иумæ ацæут æмæ йыл куыд цæуын хъæуы, уыцы æгъдау ын бацамонут. Сывæллоны уæлæдарæсыл, йæ хызыныл, æнæмæнг, хъуамæ уой, талынджы дæр тæмæнтæ чи калы æмæ рухс чи кæны, ахæм лыстæг хæйттæ.
Сывæллæттæн дæр нæ зæрдæ зæгъы цæмæй, фæндагыл цæугæйæ, уой къæрцхъус æмæ лæмбынæг. Фæндаджы сæрты цæмæй хизой, сæрмагондæй уымæн бынат амынд кæм ис, (уырыссагау æй хонынц «зебра»), æрмæстдæр уыцы ран æмæ,
фистæгæйцæуджытæн цы рухсмæ æмбæлы (ома, цъæх рухсмæ), æрмæстдæр уæд. Фæндагыл цæугæйæ, йæ сæрты хизгæйæ, телефонæй пайда кæнын не ‘мбæлы, хъусты дæр къæрмæджытæ хъуама ма уа, – фæндагыл цæугæйæ адæймаг æнæхъæнæй дæр хъуамæ феста цæстытæ æмæ хъустæ. Велосипедыл кæнæ самокатыл цæугæйæ, фæндаджы сæрты хизгæйæ дзы хъæуы æрхизын æмæ фистæгæй ацæуын.
Зынаргъ хистæртæ! Сымахыл æвæрд цæуы уæлдай бæрнондзинад. Уæ сывæллонæн уæ алчидæр хуыздæр дæнцæг кæй у, уый уæ рох ма уæд.
Цæй æмæ иумæйагæй нæ фæндæгтæ нæ сывæллæттæн скæнæм æдас æмæ амондджын! Ног ахуыры аз амондджынæй райдайут!
РЦИ-Аланийы Паддзахадон автоинспекцийы пресс-службæ














