Чысыл хохаг Хъелы цады дон иннæ цадты донæй хицæн кæны йæ сыгъдæгдзинадæй.
2004 азы сентябры Беслæны фыццæгæм скъолайы арæзт æбуалгъы террористон фыдракæнды аххосæй чи бацарæфтыд, уыцы æртæсæдæ æртын цыппар æназым адæймаджы рухс нæмттæ ссарынæн авд азы размæ цадæн раттой æрхæндæг ном «Ныййарæджы цæстысыгтæ».
Беслæйнаг скъолайы амынæты чи уыд æмæ дзы удæгасæй чи аирвæзт, уыдонæй цалдæр адæйма-джы æрæджы студентон клуб «Аполлон»-ы уæнгтимæ иумæ амынд цад бабæрæг кодтой. Дыууæ æмæ ссæдз азы размæ Беслæны æрцæуæг фыдбæллæх ирон адæмы иумæйаг зындзинадыл нымад кæй у, ацы доны объектмæ балц бæлц уый зæрдыл ноджыдæр ма иу хатт æрлæууын кодта.
Нæ уацхæссæг














