Зонындзинæдты дунемæ

0
20

Райдыдта ног ахуыры аз! Райдзаст кълæстæ æмæ тыргътæ æнхъæлмæ кæсынц ахуырдзаутæм. Хорз ахуыр кæнынæн, хъомыладон куыстæн, сывæллæтты æнæниздзинад фидар кæнынæн не скъолаты ис æппæт гæнæнтæ дæр.

Ног ахуыры азы райдайæнмæ, Зонындзинæдты бонмæ, зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ. Уæлдай æнæрхъæц вæййынц, знон дæр ма æнæмæтæй чи хъазыд æмæ фыццаг къласмæ чи бацæудзæн, цæхæры хуызæн уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ. Æмæ куыннæ! Уыдон, скъолайы фарны къæсæртыл бахизгæйæ, сæхицæн байгом кæндзысты ног – зонындзинæдты дуне. Уæдæ куыннæ скæндзысты сæхицæн ног лымæнтæ, ног хæлæрттæ, фæлæ сæ хуыздæр хæлар æмæ ахуыры фæндагыл æмбæлццон уыдзæн чиныг, зæрдæйы æмæ зонды рухс кæцæй исдзысты, уыцы диссæгты диссаг. Сывæллон сывæллон у, йæ зæрдæ нырма хъазынмæ æхсайдзæн, фæлæ сæ царды ног къæпхæнмæ кæй бахиздзысты æмæ сæ сæ ахаст аивын кæй хъæудзæн, уый сын хъуамæ сæ зонды ныффидар кæной сæ ахуыргæнджытæ, сæ ныййарджытæ.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ сбæрæг кодта, ног ахуыры азмæ министрады къухы цы фарстатæ бантыст алыг кæнын, уый.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы æппæт районты дæр ахицæн сты ахуыргæнджыты августы мæйы æмбырдтæ. Ныхас дзы цыд ног ахуыры азы нысантыл, кадджын уавæры лæвæрд æрцыдысты 186 федералон хæрзиуæджы.

– Ацы ног ахуыры азмæ бындурон цалцæджы фæстæ байгом сты 14 скъолайы, иу скъола та – рацарæзты фæстæ. Регион ног ахуыры азмæ райста 258673 ног ахуыргæнæн чиныджы: 51304 – ирон æвзаг æмæ литературæйæ, 55160 – паддзахадон ахуыргæнæн чингуытæ æхсæнад зонынад æмæ историйæ, 152209 – «ФГОС»-ы фæлгæты фонд сног кæнынæн. Ноджы ма ног ахуыры азæй республикæйы  хъæуты кусын райдайдзысты 19 ахуыргæнæджы национ программæ «Хъæууон ахуыргæнæг»-ы фæлгæты. Алчи дæр сæ паддзахады къазнайæ райста 1 милуан сомы, цæмæй сын сæ ног бынаты цæрынæн æмæ кусынæн æххуысы фæрæз уой. Ног ахуыры азы фыццæгæм къласмæ бацæуыны тыххæй балæвæрдтой 8347 курдиаты. Фыццагкъласонтæ республикæйы Сæргълæууæджы номæй райсдзысты лæвæрттæ.

Ног ахуыры азæй республикæйы скъолаты кусын райдайдзæн 138 æрыгон ахуыргæнæджы. Ноджы ма райстам 27 ног автобусы. Ныр республикæйы скъолаты ис æдæппæтæй 192 автобусы, – фæнысан кодта министр.

Нæ кæстæртæн сæ фидæн бæллиццаг æмæ амондджын уæд. Царды хорздзинæдтæй хайджын ут, нæ дзæбæх чызджытæ æмæ лæппутæ. Аккаг хъæбултæй байрæзут нæ Райгуырæн бæстæйæн.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here