Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн уыд хъуыддаджы фембæлд Бетъырбухы губернатор Александр Бегловимæ.
Нæ республикæмæ балцы рæстæг губернатор Беслæны номарæн уæлмæрдтæ «Зæдты горæт» æмæ 1-æм скъолайы спортзалы сæвæрдта дидинджытæ, 2004 азы 1-3 сентябры арæзт террористон фыдракæнды амæттæгты рухс нæмттæ ссардта.
2007 аз Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæг Гуыриаты Надеждæ бындур кæмæн сæвæрдта, скъолайы уыцы музей бабæрæг кодтой. Террористон фыдракæндты номарæн залæй фæстæмæ ам ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы номыл денджызон фистæг-æфсæддонты æмæ Тырысаты залтæ. Ирыстонмæ балцы кæрон бетъырбухаг губернатор бабæрæг кодта Алагиры Чырыстийы фæзынды сылгоймæгты моладзандон дæр.
Нæ уацхæссæг














