«Ахсджиаг фарстатыл ныхас»

0
17

Республикæйы скъолатæ æмæ профессион-техникон училищæты ахуыры аз райдыдта «Ахсджиаг фарстатыл ныхас»-æй. Ацы аз ахуырдзаутæ биографион кинонывтæ фенгæйæ базонгæ уыдзысты Уæрæсейы зындгонддæр архайджытимæ.

Алы биографион кинонывы хъайтар дæр бæстæйы истори æвдисы йе сконд хъуыддæгты фæрцы. Ахæм уроктæ баст уыдысты Ленинграды æрхъула æмæ номдзыд металлург, амалхъом Николай Путиловимæ. Уый ахæм диссаджы фыдæбон бакодта æмæ Хъырымаг хæсты заман сæ горæт фервæзын кодта.

Национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы фæлгæты кусджытæ рæзгæ фæлтæртæн радзырдтой Николай Путиловы биографийы ирддæр цауты тыххæй. Ома, Хъырымаг хæсты заман тæфæй кусæг машинæтæ, агтæ, хæстон наутæ аразын, æфсæнвæндæгты реформæ æмæ Путиловаг зындгонд заводы фæзынд (ныртæккæ Кироваг завод) Бетъырбухы.

Уыцы цæвиттонтæм байхъусгæйæ, фæсивæд бамбæрстой: хъæппæрис æвдисын хъæуы æхсæнады вазыгджындæр фарстатæ лыг кæнгæйæ. Уымæй уæлдай ма лæппутæ æмæ чызджытæ бавнæлдтой практикон хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ. Уæрæсейы Рухсады министр Сергей Кравцов куыд радзырдта, афтæмæй  «Ахсджиаг фарстатыл ныхас»-ы ноггонд курс фадат дæтты, цæмæй рæзгæ фæлтæртæ зоной номдзыддæр адæмы, сæ хъуыддæгтæ, сæ ахадындзинад.

«Раззагдæр æмбæстæгты тыххæй биографион кинонывты руаджы æрыгæттæ базондзысты, бæрзонд удварны-хæрзæгъдаудзинады хæзнатæ цавæрдæр æбæрæг æмбарынæдтæ не сты, фæлæ бæлвырд адæмы ракæндтæ, хъуыддæгтæ. Уыдоныл хъуамæ сæхи барой, мах хæс та у, къласы цы ныхас рауад, уый сæ цардыл цæмæй фæбæрæг уа, уымæн фадæттæ саразын», – загъта министр.

Ацы ахуыры аз пъланмæ бахастæуыд 28 æвæджиауы темæйы, номдзыд ахуыргæндтæ, ногдзинæдтæ æрхъуыдыгæнджытæ, булкъонтæ, дохтыртæ, хæрзаудæнгæнджытæ. Уыдоны биографитимæ базонгæ уæвгæйæ, æрыгæттæ арф ахъуыды кæндзысты,  хицæн адæймаджы архайд хъуамæ æнæхъæн бæстæйыл куыд фæзына, уыдæттыл.

 РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here